филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:20 воскресенье, 01 февраля 2026
08 октября 2019, 17:05
Æрæфы районы цæуы социалон æгъдауæй ахсджиаг объектты арæзтад

Иуæй-иу хъæуты цалцæг кæнынц культурæйы хæдзæрттæ æмæ спортивон залтæ, иннæты ивынц дондзæуæн хæтæлтæ.

Æрæфы районы цæуы социалон æгъдауæй ахсджиаг объектты арæзтад. Иуæй-иу хъæуты цалцæг кæнынц культурæйы хæдзæрттæ æмæ спортивон залтæ, иннæты ивынц дондзæуæн хæтæлтæ. Цавæр объекттæ ратдзысты эксплуатацийы хæстæгдæр рæстæг, æмæ ма цы нысантæ вæрынц сæ размæ, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Сечеры культурæйы хæдзары директор радзырдта, бирæ азты кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы рацаразты тыхæй. Бирæ азты сывæллæттæн ам нæ уыди хуымæтæг уавæртæ дæр. Фæлæ уæддæр рæзгæ фæлтæр цыдысты алыхуызон секцитæм æмæ къордтæм. Архайдтой, æмæ уæлахиз кодтой конкурсты. Ныр хъæуы кæстæр фæлтæр æнхъæлмæ кæсынц, культурæйы хæдзар кæд байгом уыдзæни, уымæ.

Бындуронæй рацараздзысты 200 бынатæн концертон зал, сценæ, библиотекæ, æмæ сфæлдыстадон къордты архайынæн агъуыст.

Æхсæрысæры та культурæйы хæдзар нæ уыди 90-æм азтæй нырмæ. Бæстыхай заууатмæ æрцыди Советон Цæдисы рæстæджы. Федералон программæмæ гæсгæ къухы бафтыди нырыккон клуб саразын аив æддаг бакаст, нырыккон зал æмæ хъæугæ кусæнгæрзтимæ. Культурæйы хæдзар фыццаг уазджытæн «æгасцуай» зæгъдзæни декабры.

Цины æнкъарæнтæй æххæст сты Лескены сабитæ дæр. Ам дæр рацарæзты программæмæ хаст æрцыди бынæттон скъолайы спортивон зал. Ацы бæстыхæйттæ цалцæггонд нæ уыдысты 70-йæм азтæй фæстæмæ. Пъолтæ бамбыд сты, бæстыхайы сæр тæдзы. Ныр сывæллæттæ архайдзысты хъарм, æппæт уавæртæ дæр сын кæм уыдзæни, ахæм спортивон залы.

Уæвгæ Æрæфы районы æрмæст ацы социалон объекттæ цæттæгонд нæ цæуынц.

Бынæттон администрацийы размæ иннæ азæн дæр ис бирæ хæстæ æмæ нысантæ. Æртæ скъолайы, æмæ культурæйы хæдзæртты бындурон цалцæгæн, стæй дыууæ физкультурон-дзæбæхгæнæн центры арæзтадæн цæттæ кæнынц проектон-сметон документаци.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania