филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
22 марта 2022, 18:39
Æрæфы районы цалдæр хъæуы цæрджытæ ныр дæр сæ хæдзæрттæ хъарм кæнынц сугтæй

Закъонмæ гæсгæ, ахæм адæмæн хъуамæ лæвæрд цæуа 50% компенсаци сæ хæрдзтæн

Нæ республикæйы нырма ис ахæм хæдзæрттæ, æрдзон газ кæдæм нæма бахæццæ. Зæгъæм, Æрæфы районы цалдæр хъæуы цæрджытæ ныр дæр сæ хæдзæрттæ хъарм кæнынц сугтæй. Закъонмæ гæсгæ, ахæм адæмæн хъуамæ лæвæрд цæуа 50% компенсаци сæ хæрдзтæн. Уымæй дарддæр ма сын хъуамæ æххуыс цæуа сугтæ ласыны хъуыддаджы. Уыцы ххуыс исынц, æви нæ, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Алæмæты бæстæ. Афтæ схонæн ис ацы бынæттæ. Фæлладуадзæн бонты Цæллаты Алан тагъд кæны йæ фыдыуæзæгмæ. Куыд зæгъы бинонты хъармдзинадæн баивæн ницæмæй ис. Уыимæ Задæлескы сыгъдæг уæлдæф æмæ рæсугъд æрдзæн. Кæд æй фембары æппын æдзухдæр дзы кусын хъæуы, уæддæр нæ зивæг кæны,  фæтагъд кæны йæ ныййарджытæн феххуыс кæнынмæ. Уæлдай зындæр у зымæджы. Æрдзон газ дзы кæй нæй, уый тыххæй сæ хæдзар хъарм кæнынц сугæй. Уыдон та бацæттæ кæнынц рагацау, фæлæ сæ уæддæр фæхъæуы сæттын æмæ сæ райсом райдайы уыцы куыстæй.Хохаг цард сæ зындзинæдтæн фæразон скодта, ахуыр сты алы уавæрты цæрыныл дæр. Фæлæ, сын бæгуыдæр,  æрдзон газ æнцондзинад бæргæ æрхæссид, зæгъынц бынæттон цæрджытæ. Уæвгæ газуадзæн хæтæл сыхаг хъæумæ æрбауагътой цалдæр азы размæ. Фæлæ йæм хæдзæрттæ нæма бафтыдтой.

 Махческы фылдæр адæм цæры. Фæлæ ам дæр газы фарста лыггонд нæу. Уымæ гæсгæ уыдоны райсом дæр райдайы Задæлескы цæрджыты хуызæн.

 Махческы сæргълæууæг Дзагкойты  Феликсы ныхæстæм гæсгæ, арфæйаг сты, суг зымæгмæ цæттæ кæнынæн сын сæрмагонд бынат кæй раттынц, уымæй. Сæйрагдæр зындзинад баййафынц хъæдæй суг хæдзармæ æрбаласыны хъуыддаджы хи транспорт кæмæ нæй, хохы уыцы цæрджытæ. Фæлæ сыхæгтæ кæрæдзийæн сты ныфс. Уыимæ сæ уырны рæхджы хъæумæ газ кæй æрбахæццæ уыдзæн, уый.

Махческы хъæуы ис 139 хæдзары. Се рдæг ам цæры æппынæдзух. Уымæ гæсгæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц артаджы фæзындмæ.  Ныр та уал, харинаг кæнынæн, пайда кæнынц ласгæ газæй. Махческы цæрæг Хъазахты Валентинæ нын равдыста йæ пец, уыимæ сæ царды уавæртæ.

 Кæд Æрæфы районы хъæуты 90 проценты æххæст сты газæй, уæддæр хохы хъæутæй цалдæрмæ газ нæма бахæццæ.  Уымæ гæсгæ закъонмæ гæсгæ йæ цæрджытæн хъуамæ лæвæрд цæуа компенсаци, стæй æххуыс артаг ласынæн хъуыддаджы. Прокуратурæ сбæрæг кодта закъонхæлдтытæ æмæ районы хицауадæн радта 30 боны се сраст кæнынæн.

Ныр Æрæфы районы  администрацийы хъуамæ саразой сæрмагонд акт , кæцымæ гæсгæ каст æрцæудзæн адæмæн уыцы лæггæдтæ дæдтыны фарстамæ. Кæмæн æмбæлы, уыцы категорийы адæмæн та фыст цæудзæн компенсаци.

 Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ районы администрацийы куыд фæбæрæг кодтой, уымæ гæсгæ хохы цыппар хъæуы – Задæлеск, Мацутæ, Ахсæу æмæ Дзынагъайы газы хæтæлтæ сæвæрыныл куыст æрцыд. Уымæй уæлдай адæмæн сæ хæдзæрттæм дæр газ уагъд цæудзæн лæвар. Фæлæ бынæттон цæрджытæ сæхи активонæй не вдисынц уыцы хъуыддаджы.  Гæнæн ис, æмæ хъуыддаг лæууы, адæмы хæдзæрттæн, æмбæлгæ гæххæттытæ кæй нæй, уымæ гæсгæ.  Сæ саразынæн  та хъæуы æхца, æмæ алкæйы бон нæу уыцы хъуыддагæн фæрæзтæ радих кæнын бинонты бюджетæй. Федералон закъонмæ гæсгæ та æнæ техникон пъланæй æмæ техникон паспортæй нæй цæрæнуатмæ газ бауадзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania