15 августа 2023, 11:41
Æрæфы районы центрон рынчындоны кусы онкологон кабинет, ис дзы медицинон хо, фæлæ дохтыр-онколог та ныртæккæ нæй
Уыцы хæстæ рæстæгмæ æххæст кæнынц участоктыл кусæг терапевттæ
Æрæфы районы центрон рынчындоны кусы онкологон кабинет. Ис дзы медицинон хо, фæлæ дохтыр-онколог та ныртæккæ нæй. Уыцы хæстæ рæстæгмæ æххæст кæнынц участоктыл кусæг терапевттæ. Уый тыххæй фехъусын кодта районы центрон рынчындоны сæйраг дохтыр Бесолты Тамерлан. Куыд радзырдта, афтæмæй специалисттæ кæй нæ фаг кæнынц, уыцы фарста ныртæккæ лæууы карзæй. Уавæр æмбæрстгонд у Цæгат Ирыстоны æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады. Рынчындоны сæ зæрдæ дарынц, тагъд рæстæджы уавæр кæй аивдзæн, æмæ фарста лыггонд кæй æрцæудзæн, ууыл.