филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:23 суббота, 28 сентября 2024
11 августа 2021, 11:47
Æрæфы районы цы историон бынат – Кет ис

Уый истори кæд лæмбынæг иртæст нæма у, уæддæр ын бæрзонд аргъ кæнынц æмæ йæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц Хæзныдоны хъæуы цæрджытæ

Æрæфы районы цы историон бынат – Кет ис, уый истори кæд лæмбынæг иртæст нæма у, уæддæр ын бæрзонд аргъ кæнынц æмæ йæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц Хæзныдоны хъæуы цæрджытæ. Цы обæуттæ  дзы ис, уыдон цæмæй бынтон ма фесæфой, ууыл алкæддæр хъуыды кодтой, фæлæ ныр та разынд адæймаг, сæ базилынмæ чи æххуыс кæны, ахæм. Куыстыты цыдыл цин кæнынц хъæуы цæрджытæ. Се нкъарæнтæ уæм  фæхæццæ кæндзæн Сосранты Жаннæ. Бакæсæм ын йæ сюжетмæ.

Кæддæры фидар, кæддæры адæмы бæркадджын бынат абон сси историон фæз.  Цæугæдæттæ Урух æмæ Хæзны астæу цы зæххы хай ис, уый КЕТ кæд æмæ чи исхуыдта, уымæн былвырд бæрæггæнæнтæ нæй, фæлæ йын алкæддæр  дис кодтой йæ æрдзон хъæздыгдзинадыл.

Кетæмæ хæстæгдæр хъæу Хæзныдоны абоны цæрджытæй ничи æррæййæфта, фæлæ дзы  алы фæлтæр дæр пайда кодта.

Фæлтæртæ кæрæдзийы ивынц, фæлæ нæ уидæгтæ кæцæй сты, уый ферох кæнын та хъуамæ макæцы фæлтæрæн бантыса. Ууыл хъуыды кæнгæйæ Хæзныдонæй рацæуæг Хъамболты Марат йæ фырттимæ, архайы Хæзныдоны хъæуы цæрджыты уарзон бынат Кеты раздæры хуыз бахъахъæныныл. Сæхи хъарутæй ноггонд цæуынц обæуттæ, рагон арæзтæдтæ. Кæд уыцы хъуыддаг æнцондæртæй нæу, уæддæр сыл цы зонаг специалистты фæрцы  куыст цæуы, уыдон архайынц алы дур дæр иннæйыл сбадын кæныныл.

Канд обæуттæ барæвдз кæныныл нæ тыхсы, йæ фыдæлты историмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы Хъамболы-фырт, фæлæ  ма йæ бакусын фæнды бынаты истори раиртасыныл. Куыд зæгъы, афтæмæй, кæд йæхæдæг Ирыстоны стæм хатт вæййы, уæддæр йæ зæрдæмæ хæстæг сты йæ хистæртæн уарзон хъуыддæгтæ. Уымæн стыр аргъ кæнынц Хæзныдоны цæрджытæ.

Уæвгæ, Хæзныдоны фæрнджын минæвæрттæ Боллоты Таймураз æмæ  Хъамболты Марат  сæ уарзон хъæуы расугъддзинадыл тынг зæрдиагæй кусынц.   Се ппæт дæр конд цæуынц адæмæн, кæстæр фæлтæры зондахаст бæрзонддæр кæнынæн.

Æзтæ цæуынц, рæстæг ивы, адæмы зондахаст дæр нырыккон царды домæнтæм хæстæг кæны, æмæ фыдæлтыккон хъуыддæгтæн аргъ кæнынмæ куыд кæсгæ у, уымæн та дæнцæг уыдзæн Хъамболты Мараты разæнгарддзинад – бахъахъхъæнын, хи фæрæзты фæрцы, бирæ фæлтæртæн зынаргъ бынаты æнусондзинад. Уымæй диссагдæр та ма йын бантыст Кеты Малиты Георгийы поэмæмæ гæсгæ сисын кæнын киноныв, æмæ йæ фæрцы ист æрцыд киноныв Кеттон. Йæ  фæрцы бантыст дунейы цæрджытæм фæхæццæ кæнын бынаты æрдзы аивдзинад æмæ историон ахадындзинад. Куыд дарддæр, афтæ фылдæр. Æнæмæнг,  кæддæры бæркадджын бынаты кой Мараты хуызæн кæстæрты фæрцы кæй хъуысдзæн æмæ кæй уыдзæн цымыдисаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania