Æрыдоны æмæ Горæтгæрон районты фæстиуджытæ иуварс кæныны куыстытæ хъуамæ фæуыдаиккой знон изæрырдæм
Æрдзон фыдбылызы фæстиуджытыл ныхас цыди аппаратон æмбырды дæр. Æрыдоны æмæ Горæтгæрон районты фæстиуджытæ иуварс кæныны куыстытæ хъуамæ фæуыдаиккой знон изæрырдæм. Хицæнæй æрлæууыдысты скъолаты бындурон цалцæгыл. Регионы разамонæг ацы хъуыддаг бабар кодта ног вице-премьер Икъаты Русланбегæн. Уый фæстæ рахызтысты иннæ ахсджиаг фарстатæм. Зæгъæм, «Æрыгон бинонты цæрæнуæттæй ифтонг кæныны» прогроаммæйыл æххæстæй бакусын Сергей Меняйло бадомдта аппаратон æмбырды рæстæг. Йæ архайд бауæрæдта 2005-æм азы. Республикæйы Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ис ахæм адæм, сæ бартæй чи не спайда кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæлвырд хъуыддæгтæ аразын райдайын хъæуы ныртæккæ, цæмæй иннæ аз бюджеты фæрæзтæ бавæрын бантыса, уый тыххæй.




