филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:29 суббота, 28 сентября 2024
28 октября 2021, 14:17
Æрфысты рæстæг анкетæ паддзахадон лæггæдты порталы уылты баххæст кæнын бирæ æнцондæр у, сæрмагонд путктмæ цæуынæй, уæлдай дæр та дæрддзæф куы уа, уæд

Зæгъын хъæуы уый, æмæ статистикон бæрæггæнæнтæ фæзындзысты национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды уадзыныл, стæй субсидиты бæрцыл

Æрфысты рæстæг анкетæ паддзахадон лæггæдты порталы уылты баххæст кæнын бирæ æнцондæр у, сæрмагонд путктмæ цæуынæй, уæлдай дæр та дæрддзæф куы уа, уæд. Зæгъын хъæуы уый, æмæ статистикон бæрæггæнæнтæ фæзындзысты национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды уадзыныл, стæй субсидиты бæрцыл. Уымæ гæсгæ, ацы процедурæйы архайын у ахсджиаг хъуыддаг.

Дыгургоммæ фæндаг хъахъхъæны Лæгтыдзуар. Æппæты фыццаг уал æрфысджытæ бацæудзысты Задалескмæ. Ацы рагон хъæу у æввахс хæхтæм æмæ уый тыххæй æрфысджыты хъæуы цæуын къæдзмæдз къахвæндæгтыл, рагон къулты æнцой.

Цæрджытæ хъуамæ дзуæппытæ радтой специалистты фарстатæн. Уыдон та сæ хъуамæ бахæссой сæрмагонд базæмæ планшеты уылты. Гæххæттын анкетæтæ ивгъуыды баззадысты.

Хохаг адæммæ уазæг рагæй дæр кадджын у. Уый тыххæй æрфысджытæ тынг не стыхсдзысты. Бынæттон цæрджытæ сыл цин кæнынц æмæ семæ зæрдиагæй ныхас кæнынц.

Ацы хъæуимæ бирæ таурæгътæ баст ис. Цыппæрдæсæм æнусы ам, Задалескы нана Тимуры тугдзых æфсæдтæй бахъахъхъæдта сидзæр сывæллæтты. Ныртæккæ хъæуы цæры æрмæстдæр нымад бинонтæ. Хъæуы хистæр Текъоты Виссарион куыд зæгъы, афтæмæй хохы цæрджытæн сæ царды уавæртæ сты зын. Фæлæ уæддæр фæстаг рæстæг адæм хъæумæ здæхын райдыдтой.

 Нырма уал боныхъæд ис æрфысджыты фарс. Уый та хæххон уавæрты тынг ахсджиаг хъуыддаг у. Уый тыххæй специалисттæ архайынц сæ куыст тагъддæр бакæныныл. Дыгургомы æппæт хъæутæ дæр сты зынбацæуæн бынæтты. Иуæй иуты цалдæргай цæрджытæ йедтæмæ нæц. Фæлæ æрфысджытæ бахæццæ уыдзысты алы хъæумæ дæр æмæ бахойдзысы алы хæдзармæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania