Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæндаггон хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль.
Æрхонмæ æмæ Дæйыхъæумæ бацæуæнтæм фæндаджы хæйттæ сног кæныныл архайынц специалисттæ. Тæрккъæвдаты фæстæ ныппырх сты. Абон хъуамæ рæстæгмæ фæндаг конд æрцæуа. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта фæндаггон хæдзарады комитеты сæрдар Солиты Тариэль. Цæугæдæтты Терк, Æрыдон, Урухы æмæ сæ фæрсагдæтты доны æмвæзад фæбæрзонддæр, æххæстгонд цæуынц былгæрæттæ фидаргæнæн уæлæмхасæн куыстытæ. Æмбырды ма æрныхас кодтой доны хæтæлты рацарæзты фарстайыл. Программæ «Чистая вода»-мæ гæсгæ, 6 хъæуы сæвæрдтой ног магистральтæ, фæлæ сæм цæрджытæн сæ хæдзæрттæ баиу кæныны фадат нæй. Сергей Меняйло бабар кодта ацы фарста æвæстиатæй алыг кæнын. Республикæйы сæргълæууæг ма бадомдта профилон структурæтæй сбæрæг кæнын, Тæргайдоны донвæды хайы 800 метры сæрмагонд исбоны куыд разынд, уый. Æрыдоны районы разамындæн бабар кодта, уыцы хай республикæйы исбонадмæ раздахыны фарстайыл бакусын. Дзырдтой ма, Арвыкомы фæндаг дæр тæрккъæвдаты тыххæй Гуырдзыстонырдыгæй æхгæд кæй у, ууыл. Арæны сæрты ахизынмæ рады лæууынц мин æмæ дыууæсæдæ уæзласæн машинæйæ фылдæр.




