филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:12 суббота, 28 сентября 2024
04 августа 2020, 13:35
Æртæ, æмæ фылдæр сывæллоны чи хъомыл кæны, ахæм бинонтæн Цæгат Ирыстоны территорийы зæххы хæйттæ дæттыныл ныхас кодтой Битарты Вячеслав æмæ Тедеты Руслан

Профилон ведомствойы разамонæг куыд радзырдта, афтæмæй бирæсывæллонджын бинонтæн 78 зæххы хайы ныридæгæн радтой Джызæлы

Æртæ, æмæ фылдæр сывæллоны чи хъомыл кæны, ахæм бинонтæн Цæгат Ирыстоны территорийы зæххы хæйттæ дæттыныл ныхас кодтой Битарты Вячеслав æмæ паддзахадон исбоны æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан. Профилон ведомствойы разамонæг куыд радзырдта, афтæмæй бирæсывæллонджын бинонтæн 78 зæххы хайы ныридæгæн радтой Джызæлы. Ацы аз ма зæххытæ бацæттæ кæндзысты Дæллаг Санибайы дæр.  Тедеты Руслан ма фехъусын кодта, министрад ахадгæ куыст кæй бакодта муниципалон районты, горæтты æмæ хъæуты арæнтæ сбæрæг кæныны хъуыддаджы. Хицæн ныхас цыди, районты цæрджытимæ фембæлдтыты рæстæг цы фарстатыл дзырдтой, уыдоны фæстæ республикæйы Сæргълæууæджы амынддзинæдтæ сæххæст кæныныл. Тедеты Русланы ныхæстæм гæсгæ Горæтгæрон районы егъаудæр хъæутæ – Джызæл æмæ Ногиры арæзт æрцыдысты комплексон кадастрон куыстытæ. Фембæлды ма ныхас цыд æндæр ахсджиаг фарстатытл дæр. Се ппæт дæр баст уыдысты паддазхадон исбонæй æмæ зæххы комплексæй ахадгæ пайда кæнынимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania