филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:44 вторник, 07 января 2025
04 января 2025, 15:27
Æртæ азмæ 7 мин адæймагæй фылдæр райстой æххуыс Цæгат Ирыстоны паддзахадон юридикон бюройы

Центр арæзт æрцыд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй

Æртæ азмæ 7 мин адæймагæй фылдæр райстой æххуыс Цæгат Ирыстоны паддзахадон юридикон бюройы. Центр арæзт æрцыд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Лæвар юридикон æххуыс сæ бон райсын у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, сæ бинонтæн, фæкæсынхъуаг адæмæн, инвалидтæн, сидзæртæн.  Бюройы специалисттæ æххуыс кæнынц куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ республикæйы районты дæр.

Ахæм куыст ам фæцæуы алы бон дæр. Юридикон бюро сæрмагондæй фæкæсынхъуаг адæмæн æххуыс кæныны тыххæй арæзт æрцыд 2022-æм азы. Йæ саразыны хъæппæрис разынд республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйломæ. Бюромæ æххуысагур æрбацæуынц алыхуызон фарстаты тыххæй: исбоны, социалон æмæ хи хъуыддæгты фæдыл. Дыууæ азмæ бантыст адæмы 7 мин курдиатыл бакусын. Фæлæ ууыл сæ куыст не рлæудзæн, – зæгъы паддзахадон юридикон бюройы директор Хъантемыраты Олег. Ныридæгæн бакуыстой 2025-æм азы куысты пъланыл.

Барадон æххуыс кæнынц адæмы 18 категорийæн. Се хсæн – фæкæсынхъуаг, 1-аг æмæ 2-аг къæпхæны инвалидтæ, сидзæртæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ æндæртæ. Специалисттæ кусынц республикæйы районты æмæ суанг дæрддзæф хъæуты. Уый тыххæй радих кодтой сæрмагонд транспорт. Ууыл специалисттæ ацæуынц бæлвырд фæткмæ гæсгæ, æмæ бынаты скæнынц консультацитæ.

Мобилон пункт арæзт у кабинеттæй. Алкæцыйы дæр фæцæуы хицæнæй куыст. Ис дзы кусджытæн дæр бынат, стæй чи рбацæуы, уыцы адæмæн дæр. Ацы хатт юристтæ ацыдысты Горæтгæрон районмæ. Октябрьскæйы юридикон æххуысмæ æрбацыд бынæттон цæрæг Цопанаты Зæринæ. Йæ фарст баст уыд бинонты иумæйаг царды фæдыл фиддонтимæ. Уыдоны тыххæй комкоммæ линийы рæстæг фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уымæй дарддæр ма Зæринæйы базонын фæндыд, фæллойы ветераны ном куыд райсæн ис, уый. Специалисттæ йын скодтой консультаци, æмæ йын дзуæппытæ радтой йæ алы фарстæн дæр.

Лæвар юридикон консультаци райсæн ис Дзæуджыхъæуы, Осипенкойы уынджы 3-æгæм хæдзары, стæй ма комкоммæ телефонмæ бадзургæйæ 53-65-66.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania