14 апреля 2022, 12:10
Æртæ боны Цæгат Ирыстоны цæудзысты Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады командон-штабон ахуыртæ
Ирвæзынгæнджытæ архайынц алыхуызон æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ иуварс кæныны
Æртæ боны Цæгат Ирыстоны цæудзысты Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады командон-штабон ахуыртæ. Ирвæзынгæнджытæ архайынц алыхуызон æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ иуварс кæныныл. Зæгъæм, Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ равдыстой, донивылдтыты рæстæг хъыгдардбаййафæг адæмы æдас ранмæ куыд кæнын хъæуы, уый. Уымæй дарддæр сæ арæхстдзинад равдыстой зын уавæрты зынгсирвæзтыты рæстæг архайынæй дæр. Æдæппæтæй ахуырты архайынц 100 адæймагæй фылдæр стæй сæрмагонд техникæйы 5 мин машинæйæ фылдæр.




