филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:44 воскресенье, 01 февраля 2026
03 мая 2023, 12:06
Æртæ къуырийы мгъуыдмæ донуарæн иугонд компанийы архайды фæрцы аипдзинæдтæ фæкъаддæр сты 42%

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло

Æртæ къуырийы мгъуыдмæ донуарæн иугонд компанийы архайды фæрцы аипдзинæдтæ фæкъаддæр сты 42%. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Муниципалон унитарон куыстуат аразгæйæ, доны техникон хæрдзтæ уыдысты 82%. Сæйрагдæр аххосаг – дон æнæ хыгъдæй кæй хардзгонд цыди, уый. Республикæйы разамонæг бабар кодта æнæзакъон архайд бæрæггæнæн пълан снысан кæнын. Уымæй дарддæр дондзæуæн куыстуаты исбонæн хъæуы экспертон аргъ скæнын. Кæд домæнтæн дзуапп нæ дæтта, уæд та документтæ арвитын хъæудзæн барадхъахъхъæнæг оргæнтæм. Аппаратон æмбырды ма ныхас цыд сæрдыгон сезонмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй доны станцæйы рацарæзты проектмæ хаст æрцыд ног инвестор. Куыстытæ конд цæуынц фæткмæ гæсгæ. Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы территори æххæстæй аивгонд æрцыд. Олимпаг парчы та æвæрынц 10 метры дæргъæн фæлгæсæн цалх. Хъуамæ скуса сæрды. Сергей Меняйло бабар кодта стыр æргом аздахын Фыдыбæстæйы Стыр хæсты мемориалтæм æмæ цыртдзæвæнтæм. Уымæй дарддæр ма бакусын хъæуы Джызæлы фæндагæй фидæны ихын аренæмæ уаццаджы фарстайыл. Арæзтады фыццаг къæпхæн фæуыдзæн ацы аз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania