филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:46 воскресенье, 01 февраля 2026
03 декабря 2021, 13:55
Æртæ радæй уроктæ, стæй 30 минутæй фылдæр нæ – ахæм уавæрты ныртæккæ кусынц Михайловскæйы скъолайы

Ахуыргæнæндоны рацарæзт фæуыны мгъуыд дыууæ хатты фæкъуылымпы

Æртæ радæй уроктæ, стæй 30 минутæй фылдæр нæ. Ахæм уавæрты ныртæккæ кусынц Михайловскæйы скъолайы. Ахуыргæнæндоны рацарæзт фæуыны мгъуыд дыууæ хатты фæкъуылымпы. Цы у йæ аххосаг, æмæ уавæр кæд аивдзæн, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Михайловскæйы скъолайы ахуырдзаутæн сæ фылдæр ныр афæдзы бæрц нал тæрсынц урокмæ байрæджы кæнын. Сæ ахуыры бон райдайы 11 сахатыл. Скъолайы бындурон цалцæджы тыххæй хистæр кълæстæн сæ ахуыртæ цæуынц æртæ радæй. Ахæм фæткæн ис фиппаинæгтæ. Сæйраг бæстыхайы рацарæзты рæстæг уроктæ не рлæууыдысты иу бон дæр. Хистæр кълæстæ уал рæстæгмæ æрбынат кодтой сыхаг корпусы, райдиан кълæстæ кæм ахуыр кæнынц, уым. Фæлæ уыцы-иу рæстæг иумæ ахуыр кæнын æппæт скъоладзаутæн уыди тынг зын. Иууæладзыгон бæстыхайы бынат ис 350 адæймагæн. Афтæмæй та дзы абон ахуыр кæнынц 8 сæдæйæ. Ныййарджытæ уавæр бамбæрстой, фæлæ сæ зæрдæ дардтой, скъолайы рацарæзт афоныл кæй фæуыдзæн, ууыл. Ахуыргæнæндоны администраци æппæт хъарутæй бацархайдта, цæмæй рæстæгмæ къуылымпытæ ахуырады хæрзхъæддзинадыл ма фæбæрæг уой, ууыл.  

Михайловскæйы скъолайы рацарæзтмæ кусджытæ бавнæлдтой ацы аз январы. Уæвгæ та уый у фыццаг цалцæг, йæ саразынæй фæстæмæ. Скъола байгом кодтой 1976-æм азы. Федералон программæ æххæстгæнгæйæ 2017-æм азы ахуыргæнæндоны цалцæгæн радих кодтой 60 милуан сомы. Объект эксплуатацийы раттыны мгъуыд аивтой дыууæ хатты. Уыимæ алы аххосæгтæм гæсгæ. Уавæрмæ йæ цæст æрдардта республикæйы Сæргълæууæг. Аппаратон æмбырды рæстæг Сергей Меняйло профилон ведомствоты разамонджытæн бабар кодта куыстытæ фæтагъддæр кæнын. Ныр къуырисæры ног цалцæггонд бæстыхайы хъуамæ азæла фыццаг дзæнгæрæг. Инженертæ ма бæрæг кæнынц æдасдзинады системæ. Видеоцæстдарды 12 камерæйы аххæсдзысты куыд скъолайы алы раныл, афтæ алфамбылай территорийыл. Уый дæр хаст æрцыд сметæмæ. Бындурон цалцæджы рæстæг баивтой бæстыхайы сæр, инженерон æмæ дондзæуæн хызтæ, пъолтæ. Суанг ма къулты хуыз дæр æвзæрстой педагогтимæ иумæ, зæгъы скъолайы директор.

Нырыккон технологитæм гæсгæ, æнцонвадат æмæ интерактивон кълæстæ. Иу ныхасæй арæзт æрцыд алцыдæр, цæмæй ахуыры аз цæуа ног æмвæзадыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania