филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:15 суббота, 20 апреля 2024
30 ноября 2021, 14:49
Æртæ юбилейы Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йæн:  90 азы æххæст кæны радиойыл, 60 азы телеуынынадыл æмæ 55 азы та Цæгат Кавказы телевизион кинойыл

Зын эпидемиологон уавæр нæ бæрæгбонмæ бахаста ивддзинæдтæ

Æртæ юбилейы Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йæн:  90 азы æххæст кæны радиойыл, 60 азы телеуынынадыл æмæ 55 азы та Цæгат Кавказы телевизион кинойыл. Зын эпидемиологон уавæр нæ бæрæгбонмæ бахаста ивддзинæдтæ. Фæлæ уæддæр абон ис фадат Цæгат Ирыстоны телеуынынады истори зæрдыл æрлæууын кæнынæн. Ам сырæзтысты бæрзонд æмвæзады специалисттæ – режиссертæ, оператортæ, звукорежиссертæ, редактортæ, монтажертæ æмæ æндæртæ. Ныртæккæ компани кусы дыууæ каналыл — «Россия-1» æмæ «Россия-24» æмæ æртæ радиоканалы — «Радио России», «Вести FM» æмæ «Алания FM».

Телеуынынады ирд æмæ цымыдисаг истори гыццыл, фæлæ уыцы иу рæстæг ахадгæ фæрæзы. Афтæ цыдысты студийы бындурæвæрджыты фыццаг комкоммæ эфиртæ. 60-йæм азты телеуынынадæн æппæт хъæугæ кусæнгæрзæ. Аппаратон студийы блокы макет, диктортæн æмæ ма суанг телекинопроекторон агъуыст дæр. Ацы æрхъуыдыдзинад уыди паддзахадон телерадиойы хистæр инженер Николай Сакнышевы хъæппæрисæй. Абон ацы истори цæстгагуыйау хъахъхъæны йæ чызг Татьяна Шахпарунова. Дарддæр æххæст кæны династи, телеуынынады кусы 30 азы.

Ам кусын хъуыди бирæ, уымæн æмæ райдыдтой, куыд фæзæгъынц, сыгъдæг сыфæй. Уæд, легендарон Ирон къуыбыры сæхи фæлвæрдтой куыд зындгонд адæмтæ, афтæ фæсивæд дæр. Алкæмæн дæр дзы фадæттæ уыди иухуызон. Раст зæгъгæйæ йæ бæстон дæр ничима зыдта телеуынынады куыст. Се хсæн уыди Тедтойты Земфирæ. 61-æм азы июны йæ æрбахуыдтой йæхи бафæлварынмæ. Фадат ын радтой радиойы кусынæн. Дыууæ мæйы фæстæ та йæ фæллойадон чиныджы фæзынди фыст – телеуынынады диктор.

Телеуынынад аразджытæ ацы куыст зæрдæйæ чи уарзы, ахæмтæ. Йæ тæккæ фыццаг бонтæй фæстæмæ йын бындур чи æвæрдта, уыдон нæ тарстысты  æбæрæгæй размæ къахдзæф акæнынмæ. Æмæ сæ архайдæн разынд стыр фидæн. Иу хаттæй иннæмæ сæ къухы æфтыди стыр æнтыстытæ. 1962-æм азы операторты цехы сæргъы æрлæууыди зындгонд кинооператор Темираты Мирон. Йæ мысинæгты фыста: 60-йæм азты телеуынынадæн разамынд лæвæрдта Æгъуызарты Æхсарбег. Уыцы рæстæг уыди ирон кино рауагъдады символыл нымад. Æппæт кусджыты фæллойы æмæ иудзинадæй арæзт æрцыди кинокомплекс. Уæд, 1966-æм азы ардæм кусынмæ æрбацыди звукорежиссер Газайты Зойæ. Кусын райдыдта телеуынынады, уый фæстæ та раивта радиойы кинорауагъдады. Уæвгæ уæлдай нæ уыди, радиойы æви телеуынынады, иууылдæр уыдысты иу стыр, æнгом бинонтау. Ирыстойнаг телеуынынад æнæрлæугæйæ йæ куыст кæны 10-гай азтæ. Телеуынынадмæ кæсджытимæ ацыди стыр æмæ ахадгæ фæндаг. Абон адæмæн фадат ис нымæцон телеуынынадмæ кæсынæн.

Фæлæ дзы уæддæр цыдæртæ кадрмæ нæ хауди. Цæмæй райдыдта «Алани»? Растдæр зæгъгæйæ та кæм? Бирæ рæстæг ацы фарстайæн дзуапп уыди – 1961-æм азы Ирон къуыбырыл. Фæлæ, телеуынынадæн йæ истори райдыдта уымæй 4 азы раздæр – 57-æм азы Сабырдзинады Проспекты мæнæ ацы бæстыхайы.

Цæгат Ирыстоны фыццаг телецентр арæзт цыди энтузиастты хъæппæрисæй. Кусæнгæрзтæ дæр ын арæзтой сæхæдæг. Уыдоны рæнхъыты уыдысты хæххон-металлургон техникумы лаборант Власов æмæ горæты радиоузелы техник Манинин.

Зæгъæн ис, хи арæзт телецентр йæ фыццаг сигнал алæвæрдта 1957-æм азы. Кæрты дзы уыди гыццыл мачтæ. Ныртæккæйыоны хуызæн бæрзонд нæ уыди, фæлæ йæм разæй æнхъæлмæ касти стыр фидæн. Уыцы аз бындур æвæрд æрцыди Цæгат Ирыстоны радиохъуысынады æмæ телеуынынады комитетæн дæр.

Дзæуджыхъæуы Максим Горькийы уынджы цалджæр хатты сси радио æмæ телеуынынады бынат. Хæсты фæстæ азты дзы алы рæстæджыты уыди телерадиокомитет. 60-йæм азы та бындуронæй æрбынат кодта Ирон къуыбырыл.

Цард цæуы æмæ фарн хæссы. Ам дæр афтæ, раздæрау дзы кусынц телевизион программæтыл. Фæлæ дзы 60-йæм азтæй уæлдай, ис нырыккон кусæнгæрзтæ, профессионалон камерæтæ, нымæцон комплекс. 1993-æм азы та паддзахадон трелерадио сси нæ абоны паддзахадон телерадиокомпани «Алани». Уал азмæ, дзы æнæивгæ у иу хъуыддаг: ацы бынат у адæмы иугæнæг. Йæ сæйраг тых та ис – ПТРК «Алани» йæ дыккаг хæдзар кæмæн сси, уыцы адæмы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania