филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:28 воскресенье, 01 февраля 2026
24 января 2023, 11:21
Æрыдоны байгом хистæр кары адæмæн ирхæфсæн центр

Специалисттæ æххуыс кæндзысты ацæргæ адæмæн, ахуыр сæ кæндзысты компьютертимæ архайыныл

Уæрæсейы социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады клиентон службæйы бындурыл Æрыдоны байгом хистæр кары адæмæн ирхæфсæн центр. Республикæйы у фыццаг. Центры специалисттæ æххуыс кæндзысты ацæргæ адæмæн, ахуыр сæ кæндзысты компьютертимæ архайыныл. Уымæй дарддæр ма сын араздзысты алыхуызон тематикон фембæлдтытæ, конкурстæ, ахуыртæ. Центры уазджытæн ма сæ бон уыдзæн сæхи аирхæфсын стъолыл хъæзтытæй, стæй уарзон кинонывтæм кæсгæйæ. Афтæмæй хистæр кары адæмæн фæзындзæн уæлæмхасæн гæнæнтæ, стæй æмархайд кæнынæн зæрдæмæдзæугæ уавæртæ. Социалон фонды куыд загътой, афтæмæй ма программæ баххæст кæндызсты, адæмы фæндонтæ хынцгæйæ.

Цомайты Алик, пенсиисæг: «Æхсызгон у, ацы центр кæй байгом кодтой Æрыдоны районы, кæй бацархайдтой,фыццæгты æмрæнхъ цæмæй кусын райдайа. Уырны мæ, ам цы къорд кусы, уыдонæн бантысдзæн ацы центры куыст хорз рацаразын. Цæуыл дзы ахуыр кæндзысты, цы мадзæлттæ дзы уыдзæн, уыдон лæмбынæгдæр базондзыстæм. Мæхицæн сбæлвырд кодтон. Ныртæккæ æнæ компьютерæй ницы ис бакæнын, бирæ алыхуызон фадæттæ дзы ис, фæлæ сæ пайда кæнын хъæуы зонын. Уый тыххæй, æвæццæгæн, ардæм æрбацæудзынæн æмæ ацахуыр кæндзынæн».

Мæрзаты Владислав, Æрыдоны районы администрацийы сæргълæууæг: «Нæ Хицауадæн стыр бузныг. Уый æрхъуыдыдзинад у. Бирæ адæм æфсæрмы кæнынц бафæрсын картæтæй æхца куыд райсой, бирæвæрсыг центрмæ куыд бацæуой, алы хъуыддаг дæр ныртæккæ ууылты цæуы. Æмæ уыдæттæ кæм хъуамæ базоной. Уæдæ къордты дæр куыстой, пенсимæ рацыдысты, æмæ кæрæдзиимæ кæм хъуамæ æмбæлой.Уымæй хуыздæр ма цы ис, адæм кæрæдзиуыл баст куы уой. Зиантæй уæлдай ма хъуамæ кæмдæр æмбæлой, æмæ кæрæдзиуыл ацин кæной. Сомбон кæстæртæн цы бацамоной, ууыл дæр куыд нæ хъуамæ ахуыды кæной».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania