филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:14 суббота, 28 сентября 2024
08 декабря 2020, 11:12
Æрыдоны байгом Цыппурсы армукъа

Сæрмагондæй уый тыххæй горæты астæу сбæлвырд кодтой территори

Бæрæгбоны комулæфт банкъарын. Республикæйы сæргълæууæджы амындмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны æппæт районты хъуамæ байгом уой Цыппурсы армукъатæ. Æрыдоны районы та йæ куыст райдыдта 1-æм декабры. Сæрмагондæй уый тыххæй горæты астæу сбæлвырд кодтой территори. Амалхъом адæмæн радих кодтой ифтонггонд палаткæтæ. Уым равæрдтой алыхуызон товартæ: райдай ног азы бæрæгбоны хъазæнтæй æмæ хъæууонхæдзарадон продукцийæ фæуы. Бæрæгбонмæ цæттæ кæны Æрыдон йæхæдæг дæр. Хæстæгдæр рæстæг ам сæвæрдзысты Ног азы фидауц – заз бæлас, æмæ кусын райдайдзысты хъазæнты базартæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania