филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:42 воскресенье, 01 февраля 2026
21 ноября 2022, 12:07
Æрыдоны фæзынд ног скульптурæ этникон хуызы

Объект сцæттæ кæнынæн æрмдæсныйæн бирæ рæстæг нæ уыд, йе сфæлдыстадон хъуыды царды рауагъта 6 мæймæ

Арианты аг. Æрыдоны фæзынд ног скульптурæ этникон хуызы. Йæ автор у Зæнджиаты Таймураз. Объект сцæттæ кæнынæн æрмдæсныйæн бирæ рæстæг нæ уыд, йе сфæлдыстадон  хъуыды царды рауагъта 6 мæймæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гаглойты Светланæ.

Традицион национ ерысты сценæ бронзæйыл конд – Æрыдоны ног спортивон комплексы цур. Скифаг обауæй дардмæ фæлгæсы. Йæ уæз 2 тоннæйы. Скульптурæ сæвæрыны хъæппæрис разынд Æрыдоны администрацимæ.

Зæнджиаты Таймураз йæ чысылæй фæстæмæ уарзта спорт. Архайдта хъæбысхæсты секцийы. Уый фæстæ та йæм аивадмæ тырнындзинад фæзынд. Нывкæнынад æмæ скульптурæйы *хсæн равзарын та йын æнцон хъуыддаг нæ уыд.

Бирæ азты Таймураз архайы æлыгимæ æмæ æфсæйнагимæ. Йе сфæлдыстады райгас кæны, рагæй чи нал ис, уыцы адæмы фæлгонцтæ. Александр Невский, Мстислав Ростропович, Ногиры фыццаг цæрджытæ – Таймуразы куыстытæ аив кæнынц алыхуызон горæттæ. Ленинградæй поэтессæ Ольга БерггОльц кæддæр Ирыстоны кæй куыста, уый тыххæй скульптор йæ фыдæй базыдта, сæ иумæйаг хъарутæй Джызæлдоны ГЭС-ы фæзынд мемориалон фæйнæг. Скульптурæйæ дарддæр ма, Таймураз архайы нывкæнынады жанры дæр, кусы мультипликацийыл дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ йын йæ цардвæндаг хъысмæтæй нысангонд уыд.

Æрыдоны цы скульптурæ ис, ууыл кусгæйæ, Зæнджиаты Таймураз æрхъуыды кодта Арианты тыххæй таурæгъ. Скифаг паддзах бабар кодта йæ хæстонты фатты бырынчъытæй скæнын аг – пайда дзы кодтой номарæн мадзæлтты рæстæг. Бахъуаджы сахат та-иу аджы æфсæйнагæй ногæй цæттæ кодтой хæцæнгæрзтæ. Афтæ, хуымæтæг аджы проектæй царды рауад Арианты аг. Спорткомплексы раз дарддæр æххæстгонд цæуынц ног фæлладуадзæн зонæ аразыны куыстытæ. Йæ фæзуат уыдзæн 6 гектары. Проекты иумæйаг аргъ у 120 милуан сомы. Куыстытæ фæнд кæнынц декабры фæуын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania