филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:31 суббота, 18 мая 2024
08 декабря 2020, 11:39
Æрыдоны район къæпхæнгай рæзы

Нысанон программæты фæлгæты дзы арæзт цæуынц цардархайды, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ

Æрыдоны район къæпхæнгай рæзы. Нысанон программæты фæлгæты дзы арæзт цæуынц цардархайды, социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ. Районы центры аив кæнынц кæртытæ. Ацы аз Æрыдоны районы бирæ хъуыддæгтæ сырæзтис, фæлæ ма дзы ис, цæуыл бакусой, ахæм фарстатæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Рассветы ног фельдшерон-акушерон пункт фæзынди октябры. Медицинон объект конд æрцыди национ проект «Æнæниздзинадхъахъхъæнынад»-ы фæлгæты. Йæ арæзтад ын райдыдтой июлы. Раздæр медпункт уыди зæронд бæстыхайы. Домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдта. Хъæуы цæры 560 адæймагмæ хæстæг. Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсынц, амбулатори официалон æгъдауæй кæд байгом уыдзæни, уымæ.
Цалынмæ амбулатори æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады бæрны дæттой, уæдмæ та уал агурынц медицинон куыстуатæн ног сæргълæууæг. Ацы фарстайыл кусы районы рынчындоны сæйраг дохтыр. Ахæм фельдшерон акушерон пункт байгом кодтой Фыййаджыбылы дæр. Ифтонггонд у æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй. Нартыхъæуы та ацы аз базылдысты Æфсымæрон ингæны æмæ мемориалы территормæ. Ацы хъуыддаг къухы бафтыди федералон программæйы фæрцы. Бындурон цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ фесты 9 майы агъоммæ.
Сентябрæй фæстæмæ Нартыхъæуы физкультурæйы уроктæ цæуынц ног спортивон залы. Ам, «Спорт сывæллæттæн»-ы проекты фæлгæты 4 мæймæ базылдысты бæстыхайы сæрмæ, сног ын кодтой йæ цар æмæ йæ къултæ. Сцалцæг кодтой хъармгæнæн системæ. Бæстыхай эксплуатацийы уыди 47 азы. Уыцы рæстæгмæ дзы иу хатт дæр бындурон цалцæг нæ уыди. Йæ уавæр сæ хæрзтæй нæ уыди.
Скъолайы ахуыр кæны 100 ахуырдзауæй фылдæр. Физкультурæйæ уæлдай, спортзалы цæуынц æндæр секциты ахуыртæ дæр. Уый тыххæй дзы ис хъæугæ инвентарь.
Мичурины та скъола сцалцæг кодтой бындуронæй. Фарон хъæуы цæрджытимæ Битарты Вячеславæн фембæлд куы уыди, уæд æм бахастой курдиат, цæмæй сын баххуыс кæна. Ам дæр 40 азæй фылдæр цалцæггæнæн куыстытæ нæ цыди. Ахуыргæнæндонæн æрмæст йæ сæр нæ баивтой, фæлæ йын базылдысты йе ддаг бакастмæ дæр. Сног кодтой хæрæндон, балхæдтой йын ног кусæнгæрзтæ. Ис дзы 80 бынаты. Скъолайы 200 ахуырдзауæй гыццыл фылдæр.
Сæ лыггæнинаг фарстаты тыххæй республикæйы сæргълæууæгимæ фембæлды рæстæг фехъусын кодтой Хъæдгæроны цæрджытæ дæр. Бæстыхай у хæсты размæйы замантæй. 85 азмæ йæм зылд никуы уыди. Æрмæстдæр дзы-иу скодтой лыстæг куыстытæ. Æртæ азы размæ скъолайæн баивтой йæ сæр, уый фæстæ дзы сцалцæг кодтой спортивон зал. Сног кæнын ма хъуыди дыууæ корпусы.
Скъола сифтонг кодтой нырыккон кусæнгæрзтæй дæр. Алыг кодтой, актон зал дзы кæй нæ уыди, уыцы фарста дæр. Баиу кодтой дыууæ къласы. Ацы аз федералон программæйы фæрцы саив кодтой хъæуы культурæйы хæдзар дæр. ис дзы алыхуызæн секцитæ куыд сывæллæттæн, афтæ хистæртæн дæр.
Хъæдгæроны ма зылд æрцыди центрон аллейæ дæр. Ацы фæлладуадзæн зонæйæн ис историон нысаниуæг. Фæзынди 19-æм æнусы.
Национ проект «Цæрæнуæтты æмæ горæты цард» архайынц Æрыдоны Советон уынджы цы аллейæйы ис, уый аивдзинадыл дæр. Ныртæккæ дзы куыстытæ фæхæццæ кæнынц кæронмæ. Аллейæ у иу км дæргъæн. Баивтой дзы бандæттæ, сæвæрдтой дзы бырондæттæ æмæ рухсытæ. Йæ радмæ æнхъæлмæ кæсы спортивон комлекс. Объект ратдзысты иннæ аз. Уыдзæн дзы хъæбысхæсты, гимнастикæйы, уæззау атлетикæйы, теннисы æмæ æндæр спорты хуызты секцитæ.
«Горæты æнцонвадад цард»-ы программæйы фæлгæты районы центры аив кæнынц кæртытæ дæр. Æрыдоны районы райрæзтæн пайда кæнынц национ проектты механизмтæй, федералон æмæ регионалон программæты æххуысæй.
Районы бирæ лыггæнинаг фарстатыл куыст æрцыди, фæлæ ма дзы уæддæр ис, цæуыл кусой, уый. Зæгъæм, фельдшерон акушерон пункттæ аразын хъæуы Къостайыхъæуы æмæ Бехъаны. Æркæсинаг сты коммуналон хызтæ дæр. Афтæ, Хъæдгæроны, ныридагæн райдыдтой дондзæуæн системæйы реконструкци кæнын. Ацы куыстытæн проектон сметон документаци бацæттæ кодтой Нартыхъæуæн дæр. Дондзæуæн хызтæ баивинаг сты Кировыхъæуы дæр. Районы арæзт цæуынц цæрæнуæттæ. Ныртæккæ кусынц 4 бирæфатерон хæдзарыл саразыныл. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй дзы æрцæрдзысты сидзæр сывæллæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania