Депутаттæ, спикер Тускъаты Таймуразимæ федтой æмæ аргъ скодтой ног цалцæггонд рæвдауæндонæн
Æрыдоны районы арæзт æрцыд Парламенты Советы æмбырд. Депутаттæ, спикер Тускъаты Таймуразимæ федтой æмæ аргъ скодтой ног цалцæггонд рæвдауæндонæн. Бабæрæг кодтой кæсагдарæн хæдзарад, Æрыдоны районы центрон рынчындон. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Аив территори, ноггонд хъармгæнæн æмæ электрон тыхы системæтæ. Нартыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнинæгты нымæц фæфылдæр, бафтыдысты сæм сыхаг хъæуты сывæллæттæ, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сабитæ. 2024 азы фæззæджы национ проект «Хъæуккаг территориты комплексон рæзт»-мæ гæсгæ ам фесты бындурон цалцæггæнæн куыстытæ. Сæ хæрзхъæддзинад сын сбæрæг кодтой Парламенты уæнгтæ Тускъаты Таймураз сæ сæргъы, афтæмæй. Рæвдауæндонæн æрмæст йæ бакаст нæ аивта. Хъомыладон процессы пайда кæнынц нырыккон методикæтæй.
Тускъаты Таймураз Æрыдоны районы бабæрæг кодта валергæсаджы хæдзарад. Кусын райдыдта 2022 азы. Æххæст кæны кæсагдарыны æппæт къæпхæнтæ, дзуапп дæтты экологон домæнтæн. Фæллой дзы кæнынц 60 адæймагæй фылдæр. Хæдзарады ис йæхи доны системæ, сæвæрдтой дзы донсыгъдæггæнæнтæ, æдзух кæнынц лабораторон иртæстытæ.
Парламенты уæнгтæ бабæрæг кодтой рынчындон дæр. Ардæм æххуысмæ æрбацæуынц Æрыдоны æмæ районы хъæуты цæрджытæ, стæй ма адæм сыхаг районтæй дæр. Федералон программæтты фæрцы фæстаг азты фæуæрæхдæр йæ техникон бындур. Фæзындысты ног амбулаторитæ æмæ фельдшерон-акушерон пункттæ. Дохтыртæ пайда кæнынц нырыккон аппараттæй. Уæлдай цæстдард цæуы медицинон кусджыты цæттæдзинадмæ. Проект «Хъæуккаг дохтыр»-ы руаджы рынчындон æххæстгонд æрцыд æппæт специалисттæй.
Æрыдоны Тускъаты Таймураз фембæлд районы амалхъом адæмимæ. Ныхас цыд экономикæйы рæзтыл, куысты бынæттæ аразыныл, чысыл бизнесæн æххуысыл. Æрыдоны районы социалон-экономикон рæзт ивгъуыд аз, нысантæ 2025 азмæ… Ацы фарстытæ Парламенты Советы æмбырды уыдысты сæйраг. Районæн ахсджиаг у аграрон къабаз. 2024 азы бантыст райсын 9 гранты мыды чыргъæдтæ, лыстæг æмæ стурвос дарынæн, стæй алыхуызон культурæтæ садзынæн. Регистрацигонд æрцыдысты 736 чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады куыстуаты. 2025 азы нысан кæнынц фæхуыздæр кæнын горæты инфраструктурæ, фæндаггон хыз æмæ социалон объекттæ, афтæмæй куыст цæуы Æрыдоны районы цæрджытæн æнцонвадат царды уавæртæ аразыныл.
Æмбырдтæ Парламенты уæнгтимæ республикæйы районты фадат дæттынц риссагдæр фарстатæ сбæрæг кæнынæн. Бæрнон кусджытæ цæттæ сты адæмимæ ныхас кæнынмæ, бахахх кодта Тускъаты Таймураз. Цæрджыты æмæ районты разамонджыты æмгуыстады руаджы лыггонд цæуынц бирæ фарстатæ. Ахæм иумæйаг куыст æххæстгонд цæудзæн фидæны дæр.




