филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:16 понедельник, 06 мая 2024
24 февраля 2021, 13:29
Æрыдоны районы дарддæр дæр архайд цæуы социалон ахсджиаг объектты арæзтадыл

Цалдæр дзы бабæрæг кодтой дзыллон информацион фæрæзты куысджытæ, уыдонимæ не сфæлдыстадон къорд дæр

Цы сарæзтой, æмæ ма цавæр куыст хъæуы бакæнын? Æрыдоны районы дарддæр дæр архайд цæуы социалон ахсджиаг объектты арæзтадыл. Цалдæр дзы бабæрæг кодтой дзыллон информацион фæрæзты куысджытæ, уыдонимæ не сфæлдыстадон къорд дæр. Моргуаты Ладæ радзурдзæн сæ балцы тыххæй.

Бирæвæрсыг спортивон комплекс Æрыдоны фæзындзæн афæдзы кæронмæ. Уыдзæн дзы 5  залы æппæт хъæугæ гæрзтимæ. Ныртæккæ дзы фæвæййынц бæстыхайы сæр æмбæрзт æмæ мидæггаг куыстытæ. Æрыдоны ахæм æмвæзадыл спортивон комплекс никуыма уыд. Спортивон залты пъолтæ бамбæрздзысты сæрмагонд паркет, кæцыйы фадат уыдзæн алыхуызон спорты хуызтæй архайынæн.

Фарон Æрыдоны бындуронæй сцалцæг кодтой культурæйы хæдзар. Ныр дзы сфæлдыстадон къордтæ кæнынц репетицитæ æмæ дзы аразынц культурон мадзæлттæ. Бæстыхай арæзт уыд 1905-æм азы æмæ йын йæ историон бакаст нæ фехæлдтой, уымæй уæлдай ма йæ  байсæрстой цæмæй къултæ дарддæр дæр ма  хæлой.  Культурæйы артдзæсты цалцæгæн республикон бюджетæй радих кодтой 15 милуан сомы.

Æрыдоны сидзæр сывæллæтты хæдзæртты рауагъдонтæн Дзугаты фсымæрты уынджы самадтой бирæуæладзыгон хæдзар, радих кодтой фатертæ. Нырыккон цалцæггонд стыр уæттæ, уæрæх балкъонтæ. Ифтонг сты æппæт хъæугæ хæдзары дзаумæттæй.

Цæугæдон Фыййагдоны сæрты та фæвæййы ног хиды арзæтады фыццаг къæпхæн. Йæ дæргъ уыдзæн 56 метры. Арæзтад райдыдта фарон ноябры, æмæ йæ нысан кæнынц сентябры фæуын. Схардз ыл кæндзысты 40 милуан сомы.

Ацы аз дæр Æрыдоны районы араздзысты социалон-ахсджиаг объекттæ. Афтæ Бехъаны фæзындзæн фельдшерон-акушерон пункт, Къостайыхъæуы та амбулатори.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania