филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:23 суббота, 28 сентября 2024
04 июня 2021, 09:59
Æрыдоны районы фарон уæлæмхасæн арæзтад фæзынд сывæллæтты рæвдауæндон «Сказка»-йæн, фæлæ ныридæгæн дæр лæууы æгуыстæй

Территорийы сабитæ нæ фендзынæ

Æрыдоны районы фарон уæлæмхасæн арæзтад фæзынд сывæллæтты рæвдауæндон «Сказка»-йæн. Æххæстæй йæ сифтонг кодтой, æмæ хъуамæ райдыдтаид йæ куыст, фæлæ ныридæгæн дæр лæууы æгуыстæй. Территорийы сабитæ нæ фендзынæ.

Сабиты суазæг кæнынмæ рæвдауæндон «Сказка» цæттæ уыди фарон дæр. Уæлæмхасæн бæстыхай арæзт æрцыд 2020-æм азы, национ проект «Демографи» æххæст кæнгæйæ. Ифтонг у медицинон кабинетæй æмæ æмбæлгæ кусæнгæрзтæй. Уæдæ саив кодтой территори дæр. Ис дзы 54 бынаты – 3 кæстæр къордæн. Фæлæ фаронæй фæстæмæ бæстыхай лæууы æгуыстæй. Æрыдоны районæн æй афтæ дæр нæ радтой.

Æрыдоны районы сывæллæтты рæвдауæндæттæм ныртæккæ рад нæй. Цух æййафынц æрмæстдæр кæстæр кары къордтæй. Фарста алыг кæнын хъавыдысты ног бæстыхайы фæрцы. Фæлæ заказгæнæг – бындурон арæзтады управлени объект цæттæйыл нæ банымадта. Специалисттæ раиртæстой цалдæр аипдзинады. Зæгъæм, хъармгæнæны куысты. Сывæллæтты ирхæфсæн фæзы уæлцъар дæр у æххæстæй ивинаг. Цалынмæ подрядон организаци æмæ заказгæнæг иу хъуыдымæ æрцæуой, уæдмæ ног бæстыхайы байгом кæнынмæ æнхъæлмæ кæсынц сабиты ныййарджытæ.

Ликæйæн фадат уыд йæ дыууæаздзыд чызджы æндæр рæвдауæндонмæ раттынæн, фæлæ йæ нæ бафæндыд. Мæхъиты Кристинæ та кæддæр йæхæдæг цыди ацы рæвдауæндонмæ. Ныртæккæ та ардæм цæуынц йæ чызг æмæ лæппу. Уыимæ йæ зæрдæ дары, йæ кæстæр фырты дæр ардæм кæй бакæндзæн, ууыл. Нырма йыл цæуы 9 мæйы.

Ныййарджытæ æнхъæлмæ кæсынц сентябрьмæ, сæ зæрдæ дарынц бæстыхайы байгом кæнынмæ, фæлæ специалисттæ объект раттыны мгъуыдыл нырма дызæрдыг кæнынц. Уыцы-иу рæстæг та рæвдауæндоны кусджытæ сæ хæстæм бавналынмæ сты цæттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania