Сæ хъаст бæрнон куыстуæттæм иу æмæ дыууæ хатты нæ бахастой
Æрыдоны районы хъæутæ Фыййаджыбыл æмæ Рассветы цæрджытæ зындзинæдтæ æййафынц нуазыны доны фарстайæ. Сæ хъаст бæрнон куыстуæттæм иу æмæ дыууæ хатты нæ бахастой. Хъуыддаг къуылымып кæны уый, æмæ уалдзæджы басыгъд донцъирæн. Ног бæргæ сæвæрдтой, фæлæ фарста нæ алыг кодта. Цæмæн афтæ рауад, æмæ куыд кусынц уавæр сраст кæныныл.
Доны боцкъатæ – сæйраг ирвæзынгæнджытæ. Фыййаджыбыл æмæ Рассветы цæрджытæ хъаст кæнынц, дон сæм кæй нæй, уымæй. Гайттаты Алыбег цæры Фыййаджыбылы. Бирæ куыстытæ ныууагъта, хъæуы дон кæй нæй, уый тыххæй. Фыццаджыдæр – йæ цæхæрадоны куыст.
Æнæ донæй хъæуы цæрджытæ тухæн кæнынц 3 мæйы. Фыййаджыбылы хуссарварс дон вæййы, фæлæ цæгатварс æрмæстдæр изæрæй. Уый дæр гыццылгай. Хъуыддаг къуылымпы кæны уый, æмæ мартъийы донцъирæн басыгъд æмæ йæ баивынмæ куы хъавыдысты, уæд рабæрæг, дон кæй счъизи, уый.Ныр Фыййаджыбылы цы донæмбырдгæнæн ис, уый лæггад кæны дыууæ хъæуæн – Фыййаджыбылæн йæхицæн æмæ Рассветæн. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, иу донцъирæн дыууæ хъæуыл не ххæссы. Æгуыстæй канд цæхæрадæттæ нæ лæууынц, фæлæ ма рæвдауæндон дæр. Æнæ донæй кусджытæн сæ бон бафснайын æмæ рæвдауæндон сывæллæтты рбацыдмæ бацæттæ кæнын нæу. Рæстæгмæ гæсгæ ныр хъуамæ кусын райдыдтаид.
Рæвдауæндон цалынмæ нæма скуыста, уæдмæ Нартыхъæуы рæвдауæндон цæттæ у сывæллæтты суазæг кæнынмæ, фæлæ æппæтæн бынат нæй. 35 сывæллонæй райсдзысты æрмæстдæр 6. Цæмæй фарста лыггонд æрцæуа, уый тыххæй ног донæмбырдгæнæн скъахынмæ республикæйы хицауад рахай кодта 10 милуан сомы.
Цæмæй хъæуы цæрджытæн баххуыс кæной, уый тыххæй сæм алы бон ласынц доны боцкъатæ. Хæдзары сæйраг куыстыты фаг кæны, ома, хæринаг скæнын æмæ гæрзтæ ныхсыны фаг вæййы. Уæдæ зæронд адæмы цард дæр уыцы ххуысимæ фенцодæр. Кæд раздæр дон æрласынмæ сæ бон æндæр хъæумæ ацæуын нæ уыд, уæд сын æй ныр сæ хæдзæрттæм æрбаласынц. Рассветы Цæрæг Гæджиты Азæ райсомæй дон куы ракæлы, уæд ведраты сымбырд кæны, цæмæй дзы æнæхъæн бон пайда кæна, уый тыххæй.
Ног донæмбырдгæнæн ныр уыдзæн Рассветы хъæуы. Кæд хъæуа, уæд æй Фыййаджыбылмæ баиу кæндзысты, цæмæй дыууæ хъæуы цæрджытæн дæр дон фаг кæна, уый тыххæй.
Ног донæмбырдгæнæн Рассветы сараздзысты хъæуы кæрон. Йæ арф уыдзæн 200 метры. Хъæугæ кусæнгæрзтæй ифтонг кæнын райдыдтой. Куыстытæ фæуыдзысты 2 мæйы фæстæ.




