Ацы аз Æрыдоны районы 3 скъолайы бындуронæй уыдзысты цалцæг
Ног ахуыры азмæ цæттæгæнæн куыстытæ ныртæккæ сты сæ тæмæны. Республикæйы скъолаты цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ, чингуытæй фылдæр кæнынц библиотекæтæ, ифтонг сæ кæнынц ног техникæйæ. Цалдæр скъолайы бындуронæй сцалцæг кæндзысты Æрыдоны районы дæр.
Æрыдоны 4-æм скъола у районы æппæты æрыгондæртæй иу. Сарæзтой йæ 7 азы размæ æмæ йæ нырма цалцæг кæнын нæ хъæуы. Ног ахуыры азмæ ам æвзарынц библиотекæ, стæй цæттæ кæнынц ног ахуырадон технологитæм.
Шахмæттæ, робототехникæ, поэзи. Ахуырадон центр «Точка роста» ацы аз фæзындзæн Æрыдоны æппæт скъолаты æмæ сывæллæтты бон уыдзæн сæ зæрдæмæ фылдæр цы цæуы, уыцы куыст кæнын. Уый та сын æххуыс уыдзæн сæ дарддæры ахуырады.
Æрыдоны 2-æм скъола цæттæ кæны йæ 60 азы юбилеймæ. Ахуыргæнджытæ зæгъынц, уал азмæ сæ бон кæй бацис бæстыхай дæр бахъахъхъæнын, стæй дзы уал азмæ цы хъæрмуд ахастдзинæдтæ сфидар, уыдон дæр. Ам алцы дæр у хъæдæрмæгæй арæзт æмæ цыфæнды рæстæг дæр дзы уæлдæф у зæрдæмæдзæугæ.
Райдиан кълæсты ахуыргæнæг Мерденты Виктория алы аз архайы скъолайы цалцæггæнæн куыстыты.
Ацы аз Æрыдоны районы 3 скъолайы бындуронæй уыдзысты цалцæг. Хъæдгæроны астæуккаг скъолайы тагъд бæрæг кæндзысты йæ 85 азы æмæ йæ уæдæй йæ фыццаг хатт афтæ бындуронæй цалцæг кæнынц. Ныр дзы фæзындзæн актон зал, баивдзысты пъол, скъолайы сæр, дуæрттæ, сæвæрдзысты ног скъæппытæ æмæ стъолтæ. Цалцæггæнæн куыстытæ фæуыдзысты хæстгæдæр рæстæг.




