филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:46 пятница, 03 мая 2024
23 марта 2021, 13:09
Æрыдоны районы центрон рынчындоны поликлиникæйы байгом стоматологон кабинет

Ræнынц дзы æппæт лæггæдтæ дæр

Мидбылхудт фæндаг ссары алкæйы зæрдæмæ дæр. Уæлдайдæр та рæсугъд куы вæййы, уæд. Æрыдоны районы цæрджытæн ахæм мидбылхудт райсыны фадат фæзынди. Бындурон цалцæджы фæстæ дзы байгом стоматологон кабинет. Кæнынц дзы æппæт лæггæдтæ дæр. Уыимæ нырыккон кусæнгæрзтæй æмæ технологитæй пайда кæнгæйæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ дохтыртæ профессионалон æххуыс адæмæн кæнынц лæвар. Æрыдонæй нæ уацхæссæг Гæджиты Сосланы сюжет. 

Пæррæстаты Нинæ фæлтæрдджын дохтырмæ бацæугæйæ йæхи æдас уавæрты банкъардта. Æрыгон чызг цæры Æрыдоны. Æмæ куыд зæгъы, афтæмæй бынæттон дохтыртыл йæ зæрдæ дары. Стоматологмæ бацæуы æппынкъаддæр афæдз иу хатт. Ныр та бынæттон поликлиникæйы бындурон цалцæджы æмæ стоматологи нырыккон кусæнгæрзтæй сифтонг кæныны фæстæ цæттæ у ардæм алы бон дæр цæуынмæ. Уæдæ дохтырты архайдæй разы сты иннæ пациенттæ дæр. 

Фæсивæд сыл кæй æууæндынц, уый бирæйыл дзурæг у, зæгъынц стоматологтæ. Уыимæ се ргом канд фæлтæрддзинадмæ не здахынц, фæлæ ма хæрзхъæд кусæнгæрзтæм æмæ æрмæгмæ дæр. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ æппæт лæггæдтæ сты лæвар. Æнæмæнг медицинон фæдзæхстады полисмæ гæсгæ скæнæ ис профессионалон гигиенæ, стæй æндæр алыхуызон лæггæдтæ райсæн. Кæронбæттæн уынаффæ рахæссы сæйраг дохтыр.

Стоматологийы сæвæрдтой ног рентген-аппарат. Хæстæгдæр рæстæг кусын райдадйдзæн хирург дæр. Æппæт куыстытæ кæнынæн ис алцыдæр.

Æрыдоны районы центрон рынчындоны поликлиникæ лæггад кæны æппæт районæн. Бонмæ йæ бон у 300 адæймаджы фенын. Стоматолгмæ лæвар бахауын та ис, рагацау хи ныффысгæйæ. Уый, хъуыддагæн аргъæвæн куы нал вæййы, уæд. Ныртæккæ поликлиникæйы архайынц дохтырмæ электрон рад банывыл кæныныл. Хъуамæ кусын райдайа ацы мæйы кæронмæ. Ныртæккæ та уал стоматологмæ бацæуæн ис регистратурæйы уылты, стæй «Паддзахадон лæггæдты» порталы курдиат ныууадзгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania