29 августа 2019, 12:45
Æрыдоны та ныртæккæ аив кæнынц сæйраг аллея
Кусджытæ ивынц тротуартæ, æвæрынц ног бырутæ, рухсгæнæнтæ, стæй садзынц цъæх фæлыст
Æрыдоны та ныртæккæ аив кæнынц сæйраг аллея. Кусджытæ ивынц тротуартæ, æвæрынц ног бырутæ, рухсгæнæнтæ, стæй садзынц цъæх фæлыст. Аивгæнæн куыстытæ аразынц бынæттон цæрджыты хъуыдытæ хынцгæйæ. Журналисттæн фæндаггон комитеты сæрдар Солиты Тариель куыд загъта, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр фæуыдзысты фыццæгæм октябрьмæ.




