филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:56 вторник, 16 декабря 2025
21 июня 2024, 11:43
Æрыскъæфы хъæздыг тыллæг æрæмбырд кодтой Мæздæджы районы аграрон кусджытæ

Хæрзад æмæ хæрздæф гагадыргъ æмбырд кæнын райдыдтой майы райдиан

Æрыскъæфы хъæздыг тыллæг æрæмбырд кодтой Мæздæджы районы аграрон кусджытæ. Хæрзад æмæ хæрздæф гагадыргъ æмбырд кæнын райдыдтой майы райдиан. Хæдзарады æрыскъæф сагъд ис 1 гектары плантацийыл. Йæ сæмбырд кæнынæн хъæуы сæрмагонд технологи, æмбæлгæ æмæ бæстон цæстдард… Æппæт ацы æууæлтæ сты хъæздыг тыллæджы сæйраг бындур. Мæймæ иу плантацийæ æрæмбырд кодтой 10 тонны гагадыргъ. Уæвгæ, æрыскъæф у хивæнд зайæгой. Æмбырд кæнын æй хъæуы арæхстгай, цæмæй йæ хуыз ма фесафа. Йæ æрæмбырд кæнынæй сахаты фæстæ гагадыргъ вæййы дуканиты тæрхæджытыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania