Цы ног скъолайы арæзтад дзы цæуы, уым пъадвалы срæмыгъта туаггуыры баллон
Æвирхъау хабар æрцыд Цæлыччы. Цы ног скъолайы арæзтад дзы цæуы, уым пъадвалы срæмыгъта туаггуыры баллон. Фæлæ уый, объект эксплуатацийы раттыны мгъуыдыл нæ фæбæрæг уыдзæн, зæгъынц арæзтады министрады. Фыдбылызы фæстиуджытæ цæуынц иуварсгонд, уыимæ арæзтадон куыстытæ та цæуынц дарддæр. Срæмыгъды хъыгдард баййæфта 53-аздзыд нæлгоймаг. Æмбæлгæ медицинон æххуыс ын кæнынц Алагиры районы рынчындоны. Цæлыччы уыди нæ уацхæссæг Томайты Батрадз, æмæ базыдта бæлвырддæр хабæрттæ.
Арæзт чи цæуы, уыцы скъолайы æндадзæн куыстыты рæстæг схæцыд туаггуыры баллон. Хъыгдард дзы баййæфта 53 аздзыд кусæг. Алыхуызон цæфтæй бахауд рынчындонмæ. Срæмыгъдæн ахæм тых уыди, æмæ суанг фехæлдта бетонæй къæйдуртæ, фыццаг уæладзыджы та æвгтæ ныппырх сты. Ныртæккæ бæлвырд бæрæг у иу хъуыддаг – техникон æдасдзинады домæнтæ æрцыдысты хæлд.
Уыцы бон бынатмæ æрбацыдысты арæзтады, æнæнхъæлæджы уавæрты министрады минæвæрттæ стæй барадхъахъхъæнæг оргæнты кусджытæ. Срæмыгъд куыд æрцыд, уый сбæрæг кæныныл архайы районы прокуратурæ. Цæстдарæн камерæтæй видеоæрмæг ист æрцыд сæрмагондæй бæрæггæнæн куыст бакæныны тыххæй.
Æвæстиатæй бырæттæ æфснайын райдыдтой кусджытæ æмæ бынæттон цæрджытæ.
Арæзтад ницы бахъыгдардæзн, загътой профилон министрады. Скъола арæзт цæуы национ проект «Ахуырад» æххæст кæнгæйæ. Уыдзæн дзы 200 бынаты. Хæстæгдæр рæстæг банымайдзысты, срæмыгъд цас зиан æрхаста, уый, æмæ скæндзысты экспертизæ.
Иртасæн куысты фæстæ, хъыгдардбаййафæг пациенты уавæр нымайынц уæззауыл. Йæ буарæн басыгъди 32%. Фылдæр хъыгдард баййæфтой йæ сæр, буар æмæ къухтæ. Æппæт æмбæлгæ терапийæ исы Алагиры районы центрон рынчындоны. Объект та хъуамæ эксплуатацийы радтой ацы азы кæрон.




