филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:18 суббота, 04 мая 2024
06 сентября 2022, 10:46
Æвзæрстытæм цæттæдзинадыл ныхас цыд Цæгат Ирыстоны сæйраг æвзарæн къамисы æмбырды

Архайдта дзы Хицауады сæрдар Дзанайты Барис

Æвзæрстытæм цæттæдзинадыл ныхас цыд Цæгат Ирыстоны сæйраг æвзарæн къамисы æмбырды. Архайдта дзы Хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Сæйраг докладимæ раныхас кодта Моргуаты Жаннæ. 10-æм æмæ 11-æм сентябры республикæйы кусдзæн 335 æвзарæн къамисы, 19 хайады та ма уыдзæн медицинон уагдæтты, æфсæддон хайæды æмæ слестгæнæн изоляторы. Адæм æвзардзысты 7-æм æмбырды Парламенты депутатты, уыдзæн муниципалон оргæнтæм æвзæрстытæ дæр. Æдæппæтæй хъæлæс кæныны бар уыдзæн 515 мин адæймагæй фылдæрæн. Хайæдтæ æххæст уыдзысты видеоцæстдарды камерæтæй, уыдон сæвæрыны фадат кæм нæй, уым та уыдзæн видеорегистратортæ. Пайда кæндзысты КОИБ-тæй. Йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы хъæлæсгæнджытæн сараздзысты æмбæлгæ фадæттæ, гæнæн уыдзæн хæдзары схъæлæс кæнын дæр. Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ мидхъуыддæгты министрадты минæвæрттæ фехъусын кодтой, æвзæрстыты бонты ведомствæтæ сæрмагонд фæткмæ гæсгæ кæй кусдзысты. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмбæрды архайджытæн бабар кодта бацархайын, цæмæй æвзæрстытæ æнæ къуылымпытæй ацæуой, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania