06 сентября 2023, 11:12
Æвзæрстыты бон, 9-æм æмæ 10-æм сентябры, Цæгат Ирыстоны æвзарæн хайæдты кусдзысты волонтертæ
Уыдон æххуыс кæндзысты, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн, рынчынтæн ацæргæ адæймæгтæн, стæй сæ бон цæуын кæмæн нæу, уыдонæн
Æвзæрстыты бон, 9-æм æмæ 10-æм сентябры, Цæгат Ирыстоны æвзарæн хайæдты кусдзысты волонтертæ. Уыдон æххуыс кæндзысты, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн, рынчынтæн ацæргæ адæймæгтæн, стæй сæ бон цæуын кæмæн нæу, уыдонæн. Центрон æвзарæн къамисы куыд загътой афтæмæй бархионты базонæн уыдзæнис ирд цъæх жилеттæй, æвзарæн къамисы сæрмагонд нысанимæ. Волонтерты цæттæ кодтой республикæйы фæсивæдон æвзарæн къамисимæ иумæ.
темæмæ гæсгæ




