филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:39 воскресенье, 01 февраля 2026
12 сентября 2023, 13:34
Æвзæрстыты хатдзæгтыл æрдзырдтой аппаратон æмбырды дæр

Сергей Меняйло бахæс кодта, 2024-æм азы президентон æвзæрстыты агъоммæ æвзарджыты хыгъд сбæрæг кæнын

Æвзæрстыты хатдзæгтыл æрдзырдтой аппаратон æмбырды дæр. Сергей Меняйло бахæс кодта, 2024-æм азы президентон æвзæрстыты агъоммæ æвзарджыты хыгъд сбæрæг кæнын. Æмбырды ма ныхас цыди Дзæуджыхъæуы мастер-пълан сæххæст кæныныл дæр. Сентябры кæрон ДОМ. РФ кæронмæ фæуыдзæн ацы проектыл куыст. Республикæйы Сæргълæууæг бадомдта, цæмæй Дзæуджыхъæуы администраци мастер – пълан царды рауадзынæн бацæттæ кæна фæндаггон картæ. Сергей Меняйло фау æрхаста Æрыдоны хицаудзинады оргæнты архайдмæ, дондзæуæн хызты исбон паддзахадон унитарон куыстуаты бæрны радтыны процесс къуылымпы кæй кæны, уый тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй консолидацийы процесс хъæуы фæтагъддæр кæнын. Уымæн æмæ уымæй аразгæ у, тарифты хсæн хыцæндзинадæн субсидитæ райсын. Регионы разамонæг бахæс кодта, къуырийы кæронмæ республикæйы æппæт районты дæр ацы куыст кæронмæ ахæццæ кæнын. Бæрнон кусджытæ æрныхас кодтой ацæргæ адæмæн ног хæдзар-интернат арæзтадыл дæр. Проект æнтыстджынæй ацыди паддзахадон экспертизæ. Раздæр дзы нысан кодтой 150 бынаты, фæлæ сæ ныр фæфылдæр кодтой 200 бынаты онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania