филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:24 суббота, 28 сентября 2024
06 апреля 2021, 14:10
Æвзаг бахъахъхъæнын иу хъуыддаг, фæлæ ма йæ сывæллæттæн бауарзын кæнын та у сæйрагдæр

Лагерь «Звездочка»-йы Алайнаг гимназы æмæ физикон-математикон лицейы ахуырдзаутæ арвыстой сæ уалдзыгон фæлладуадзæн рæстæг

Æвзаг бахъахъхъæнын иу хъуыддаг, фæлæ ма йæ сывæллæттæн бауарзын кæнын та у сæйрагдæр. Лагерь «Звездочка»-йы Алайнаг гимназы æмæ физикон-математикон лицейы ахуырдзаутæ арвыстой сæ уалдзыгон фæлладуадзæн рæстæг. Хъазыдысты, ахуыр сæ кодтой бийыныл, æмбæлдысты зындгонд уазджытимæ, кастысты кинонывтæм, зонгæ кодтой ног æмдзæвгæтимæ. Алцыдæр дзы конд цыд ирон æвзагыл. Æрæмбырд кæнын алы адæмыхæттыты сабиты æмæ сын ахæм лагерь саразын, къухы бафтыд тендер рамбулыны фæрцы. Проект хуынд «Цæгат Ирыстоны национ-культурон райрæзт». Лагеры кусынц фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ, ныр 6-æм хатт сæ зонындзиндæтæй хайджын кæнынц радон сабиты къорды. Ирон æвзаг бахъахъхъæныны программæ, рæзгæ фæлтæры хсæн фæзынд 3 азы размæ. Фæлæ йæ царды рауадзын та бантыст æрмæстдæр тендер рамбулыны фæстæ. Сывыллæттæ лагеры цы къуыри уыдысты, уыцы рæстæгмæ бацæттæ кодтой концертон программæ дæр, æмæ зæрдиагæй сæ ног арæхстдзинæдтæ æмæ зонындзиндæтæ фæхæццæ кодтой мадзалмæ æрбацæуджытæм. Уæвгæ, ахæм лагерьтæ аразын фæнд кæнынц алы аз дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania