филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:22 пятница, 18 октября 2024
11 сентября 2024, 12:04
Æвзарæн къамисы бафыстой партиты *хсæн Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депутатты мандаттæ райуарыны тыххæй протокол

Депутатты мандатты нымæц у  32

Республикæйы æвзарæн къамисы бафыстой партиты *хсæн Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды 8-æм фæсидты депутатты мандаттæ райуарыны тыххæй протокол. Депутатты мандатты нымæц у  32. Уыдонæй ЛДПР-мæ æрхауд 1, КПРФ-мæ – 2 бынаты. Парти «Рæстдзæвин Уæрæсе – Патриоты за правду»-йæ  Дзæуджыхъæуы минæвæртты Æмбырды кусдзысты 6 депутаты, «Иугонд Уæрæсейæ» та – 23. Республикæйы æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, хъæлæс кæныны рæстæг æвзарæн хайæдты цæстдарджыты нымæц хæццæ кодта 600-мæ. Куыстой дзы  50 журналисты. Республикæйы æвзарæн къамисмæ æвзарæн хайæдты куысты тыххæй адæмæй сæ хъазт ничи бахаста.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania