Уыцы куыст кæнын райдайдзысты 17-æм февралы æмæ ахæсдзæн 7-æм мартъийы онг
Цал кандидаты ацыдысты регистраци, кæм ис хъæугæ æвзарæн участок æмæ цы скæнын хъæуы, цæмæй адæймагæн йæ бон уа дистанцион хуызы схъæлæс кæнын… Уæрæсейы Президенты æвзæрстыты агъоммæ æвзарæн къамисы уæнгты цæттæ кæнынц хæдзæрттыл зилынмæ, цæмæй адæммæ раст информации хæццæ кæной, уый тыххæй. Уыцы куыст кæнын райдайдзысты 17-æм февралы æмæ ахæсдзæн 7-æм мартъийы онг. Дæ дуар дын æвзарæн къамисы участочы уæнг бахоста æви нæ, уый куыд базонын хъæуы, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.
Октябрьскæйы культурæйы галуаны ацыд Горæтгæрон районы æвзарæн къамисты уæнгты фыццаг ахуырты семинар. Уæрæсейы Президенты æвзæрстыты агъоммæ æркастысты проект «ИнформУИК» царды рауадзыны фарстатæм. Йæ руаджы адæм афойнадыл базондзысты раст информаци, хæдзарæй æддæмæ куы нæ рацæуой, уæддæр. Æвзарæн къамисы уæнгтæ базонгæ сты сæрмагонд мобилон фæрæзы гæнæтимæ.
Горæтгæрон районы 200-йæм æвзарæн къамисы секретарь Хуыдиаты Мæдинæ проектимæ зонгæ у. Фарон, Хъобаны администрацийы хицау куы æвзæрстой, уæд, уым дæр, адæммæ цыдысты сæ хæдзæрттæм. Мæдинæ куыд зæгъы, афтæмæй æвзарджытæ хуыздæр базонынц æвзæрстыты, кандидатты æмæ участокты тыххæй. Стæй сын фадат фæзыны, æнцондæр сын куыд у, афтæ схъæлæс кæнынæн. Зæгъæм, дистанцион хуызы.
Хæдзæрттæм æвзæрстыты тыххæй цы адæм цæудзысты, уыдоны æнцонæй базонæн уыдзæн. Зæгъæм, информацион æрмæгæй, стæй сæ уæлæдарæсыл та уыдзæн æвзарæн компанийы ныв. Æвзарæгæн йæ бон у адæймагæй бацагурын, æвзарæн къамисы участочы уæнг кæй у, уый æвдисæндар, кæнæ та йæ паспорт.
Ахæм семинартæ цæудзысты мæйы кæронмæ, республикæйы алы районы дæр. Æдæппæтæй 17-æм февралæй 70æм мартъийы онг хæдзæрттыл æрзилдзысты 1300 адæймагæй фылдæр.




