филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:46 среда, 26 июня 2024
25 января 2022, 12:56
Æвзонг æфсæддонтæ активонæй архайынц республикæйы æхсæнадон царды

Ацы змæлды хайæдтæ æнтыстджынæй кусынц Цæгат Ирыстоны алы районты, стæй ма Дзæуджыхъæуы бирæ скъолаты дæр

Уæлахизтæм тырнын, куыд ахуыры, афтæ спорты. Æнæниз цардыуаг парахат кæнын, æмæ Фыдыбæстæйæн лæггад кæнынмæ бæллын. Æппæт ацы хъуыддæгтыл зæрдиагæй архайынц æвзонг æфсæддонтæ. Ацы бонты ма сæ рæнхъытæ, кадджын ардбахæрды фæстæ, баххæст кодтой ноджыдæр 150 скъоладзауæй фылдæр. Се ппæт дæр равзæрстой сæ царды фæндаг. Куыд æрвитынц сæ бонтæ æвзонг æфсæддонтæ, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Томайты Батраз.

Эдвард Маргарян у æппæтæй кæстæр æвзонг æфсæддонты змæлды. Йæ рæнхъытæ баххæст кодта йæ хистæр æфсымæрты фæстæ. Æмæ ныр æртæ азы онг нымад у хуыздæр æвзонг æфсæддонтæй иуыл. Йæ бон иу минутмæ у Калашниковы автомат райхалын æмæ сæмбырд кæнын. Уымæй дарддæр бæлвырд æмæ бæстон зоны æфсадмæ сиддоны фæлтæрæнты комплекс. Эдвæрдæн æвзонг æфсæддонты змæлд сси йæ царды сæйрагдæр хай. Стæй ма йын у фидæны уæлахизтæм фæндаг дæр. Иу уæлахиз уал ын бантыст, æмæ йын лæвæрд æрцыд майдан.

Рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладыл кусын, æмæ сæм райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын. Ахæм хæстæ æвæры йæ размæ æвзонг æфсæддонты змæлд. Нæ республикæйы нымад у æппæтæй егъаудæр æхсæнадон змæлдыл. Лæппутæ æмæ чызджытæ хорз зонынц Фыдыбæстæйы истори. Уымæй дарддæр сæ ахуыр кæнынц рæнхъытæй раст цæуыныл, иу командæйы кусыныл, фыццаг медицицнон æххуыс кæныныл, æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтыл. Уымæн æмæ уыдон се ппæт дæр хъæуынц, Фыдыбæстæйæн лæггад куы равзарай, уæд.

Игорь Юдин сфæнд кодта æфсæддон суæвын. Йæ хистæртæ дæр сты æфсæддонтæ. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй æвзонг æфсæддонты змæлд дæтты бирæ гæнæнтæ æмæ фадæттæ, цæмæй æрыгон лæппу йæхи иттæг хорз равдиса, уый тыххæй. Зæгъæм, йе мбæлттимæ арæх фæархайы алыхуызон форумты, стæй ма æфсæддонты ерысты.

Æвзонг æфсæддонтæ активонæй архайынц республикæйы æхсæнадон царды. Ацы змæлды хайæдтæ æнтыстджынæй кусынц Цæгат Ирыстоны алы районты, стæй ма Дзæуджыхъæуы бирæ скъолаты дæр. Фæсивæд фæархайынц номарæн вахтæты, агурæн экспедициты, базилынц Фыдыбæстæйы Хъæбатырты цыртдзæвæнтым. Уымæй дарддæр фæархайынц культурон æмæ спортивон мадзæлтты. Сæйрагдæр раппæлинаг хъуыддæгтæй иу у – Дзæуджыхъæуы Уæлахизы Парады архайд. Томайты Эллинæ у фыццаг чызджытæй иу – æвзонг æфсæддонты рæнхъыты чи балæууыд, ахæм. Ныридæгæн Уæлахизы Парады архайдта дыууæ хатты.

Кадджын ардбахæрды фæстæ æвзонг æфсæддонты рæнхъытæ баххæст кæнынмæ сæхи цæттæ кæнынц Æрæфы районы лæппутæ æмæ чызджытæ. Кадджын мадзал арæзт æрцæудзæн Цыколайы. Бирæтæ æрбацæуынц ардæм, цæмæй сæхицæн  ссарой æмбæлттæ. Фæлæ сæйрагдæр та – царды раст фæндаг равзарынмæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ арæх фæкæсынхъуаг æнахъом сывæллæттæн дæр, æфсæддонты рæнхъыты балæугæйæ зынгæ аивы сæ зондахаст æмæ миддуне.

5 азмæ æфзонг æфсæддонты змæлдæн стыр ахадындзинад фæзынд. Зæгъæм, бирæтæн æфсæддон хъуыддаг сси йæ профессионалон дæсныйад. Æмæ уый дæр хорз хъуыддагыл банымайæн ис.

Цæгат Ирыстоны æвзонг æфсæддонты змæлд баиу кодта æстдæс мины æмæ фарсат сæдæ цыппор æнахъом сывæллоны. Рæзгæ фæлтæр канд æфсæддон зонындзинæдтæ нæ исынц, фæлæ ма цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц нæ бæстæйы истори стæй хъæбатырты нæмттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania