Уыди сын ардбахæрды кадджын æмбырд
Æвзонг æфсæддонты рæнхъытæ фæхъæздыгдæр сты Октябрьскæйы 1-æгæм скъолайы 100 ахуырдзауæй. Уыди сын ардбахæрды кадджын æмбырд. Фæсивæд зæрдæ бавæрдтой, сæ Фыдыбæстæйы æмæ æвзонг æфсæддонты кад бæрзонд хæссыныл кæй архайдзысты, уымæй. Увæгæ, ацы лæппутæ æмæ чызджытæм нырма разæй æнхъæлмæ кæсы базонын, цы æвзонг æфсæддон. Зæгъæм, Саулохты София ацы змæлды ис 5 азы. Ног уæнгтæн у дæнцæгæн хæссинаг. Уымæн æмæ фæархайы алы мадзæлтты. Ныр дæр архайы сæрмагонд дæсныйадæвдисæг ахуырты уазджытæн. Автомат сæмбырд кæнын æмæ райхалыны йæ рекорд у 30 секунды. Æвзонг æфсæддонты равдыст арæзт æрцыд, æфсæддон-спортивон интенсив «Балц»-ы программæ æххæст кæнгæйæ. Фæсивæд æвдыстой сæ практикон зонындзинæдтæ: эвакуаци, къах-къухæй хæст, размæбырст. Горæтгæрон районы 5-æм, 6-æм æмæ 7-æм кълæсты ахуырдзаутæ нырæй фæстæмæ уыдзысты æвзонг æфсæддонты рæнхъыты. Цæгат Ирыстоны 9 азмæ ацы змæлды хыгъды ис 20 мин адæймагæй фылдæр. Уыдонæй бирæтæ равзæрстой фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы дæсныйад. Йæ царды фыццаг ардбахæрд уыди 5-æм къласы ахуырдзау Сиукъаты Сæрмæтæн. Риуылдаргæ нысан бакодта сæрыстырæй. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын уый у тынг кадджын хъуыддаг. Æнæмæнг барухс кæндзæн йæ ныййарджыты зæрдæтæ.




