филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:53 воскресенье, 19 мая 2024
18 декабря 2013, 16:40
Афæдзы кæронмæ Цæгат Ирыстоны бюджеты хардзгæнæн хай фæфылдæр уыдзæн æхсæз сæдæ æхсай авд милуан сомæй

Фæрæзтæ ратдзысты, бюджетæй мызд чи исы, уыдоны æхца фæфылдæр кæнынæн. Документыл бакусдзысты райсом парламенты æмбырды, – фехъусын кодта абон пресс-конференцийы

Афæдзы кæронмæ Цæгат Ирыстоны бюджеты хардзгæнæн хай фæфылдæр уыдзæн æхсæз сæдæ æхсай авд милуан сомæй
Фæрæзтæ ратдзысты, бюджетæй мызд чи исы, уыдоны æхца фæфылдæр кæнынæн. Документыл бакусдзысты райсом парламенты æмбырды, – фехъусын кодта абон пресс-конференцийы хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахуыргæнджыты мызд уыдзæн 18 мин сомæй фылдæр, дохтыртæ та исдзысты 24 мин сомæй фылдæр. Дзырдтой тагъдæххуысы службæйы куыстыл дæр. Арæх бригадтæ рынчынтæн медицинон æххуыс бакæнынмæ нæ ацæуынц. Уый баст у, машинæтæ æмæ дзы хорз цæттæггонд дохтыртæ фаг кæй нæй, уыимæ. Таболты Сергей фæсидт, цæмæй ахæм цауты тыххæй хъусын кæной сæрмагонд куыстуæттæм. Куыд радзырдта, афтæмæй дарддæр царды уадзынц «Æнцонвадат тыгъдад» æмæ «Сидзæр сывæллæтты цæрæнуæттæй сифтонг кæнын»-ы социалон программæтыл.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania