Уыдоны иу адæймаг фæмард, астæй баййæфтой хъыгдард. Уый тыххæй фехъусын кодтой æнæнхъæлæджы цауты министрады цæгатирыстойнаг управленийы пресс-конференцийы.
Журналистты фæрстытæн дзуапп лæвæрдтой ведомствæйы хицау Александр Хоружий æмæ йæ хæдивæг Кучиты Георгий. Куыд загътой, афтæмæй уалдзæджы вæййы æппæтæй тæссагдæр рæстæг – арæхдæр æрцæуы зынгсирвæзтытæ. Уый уымæн у, æмæ республикæйы цæрджытæ сæ цæхæрадæтты фæсудзынц хус кæрдæг æмæ къалиутæ. Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ ныртæккæ аразынц профилактикон мадзæлттæ. Хъæдмæ хæстæг чи у, ахæм 15 хъæумæ æмæ 5 цæхæрадæтты æмбалæдтæм цæуы сæрмагонд цæстдард. Бынæттон администрациты сæргълæуджытимæ арæзт æрцыд ахуырадон семинартæ. Радзырдтой сын зынгсирвæзтыты ныхмæ цавæр мадзæлттæ аразын хъæуы, уый тыххæй. Хæстæгдæр рæстæг та æнæнхъæлæджы цауты министрады хъæппæрисæй арæзт цæудзысты зиутæ. Архайдзысты дзы республикæйы цæрджытæ дæр. Иумæйаг тыхтæй бафснайдзысты хъæуты алфамблай.