Семæ тох кæныны тыххæй тæрхондæтты пъырыстыфтæ æмæ фæндаггон пъæлицæйæгтæ аразынц иумæйаг рейдтæ. Паддзахадæй 100 мин сомæй фылдæр хæсджын кæй у, уый ацы шофыр зыдта.
Афæдзы райдианæй тæрхондоны пъырыстыфтæ паддзахадон автоинспекцийы иварты фæзуатмæ арвыстой 50 машинæйы бæрц. Сты, цалдæр азы йæ ивартæ чи нæ фиды, уыцы фæндаггон фæткхалджыты.
Тæрхондоны пъырыстыфтæн исбон æрцахсыны бар ис, закъонхалæг ивар афойнадыл куы нæ бафида, уæд. Хæс хъуамæ уа 3 мин сомæй фылдæр. Ивары бæрц цас у, уымæ гæсгæ адæймагæн йæ бон у баззайын æнæ телефонæй, техникæйæ æмæ суанг æнæ машинæйæ дæр.
Дывæр ивар, административон ахст 15 боны онг, кæнæ æхсæнадон куыстытæ. Ивартæ афоныл чи нæ фиды, уыдонæн ма закъонмæ гæсгæ æмбæлы ахæм хуызты æфхæрд дæр. Тæрхондоны пъырыстыфтæ сидынц адæммæ, цæмæй ацы хъуыддаг афойнадыл æххæст кæной. Уæлдайдæр та сæрды агъоммæ. Уымæн æмæ домæнтæ фæкарздæр сты. Зæгъæм, 10 минæй фылдæр хæс кæмæн уа, уымæн Уæрæсейы арæнтæй ахизыны бар нæ уыдзæн.
Токаты Мæдинæ, тæрхондоны пъырыстыфты службæйы цæгатирыстойнаг управленийы хайады специалист: «Исполнительский сбор кæй хонæм, 7%, уый бæрц аивта… Махмæ гæххæтт куы æрбахауы, пъырыстыф ног гæххæтт куы рафыссы хæсджыны тыххæй, уæд хъуамæ 5 бонмæ йæ ивар бафида. Куы нæ йæ бафида, уæд дзы исынц уæлæмхасæн мин сомы. Уый æппынкъаддæр».
Тæрхондоны пъырыстыфты службæйы æмæ фæндæгтыл æдасæй цæуыны паддзахадон инспекцийы иумæйаг рейдтæ арæзт æрцыдысты республикæйы æппæт районты дæр. Сбæлвырд кодтой 500 машинæйæ фылдæр. Хæстæ та æрæмбырд кодтой 150 мин сомæн.
Хъайтмазты Дзерассæ




