филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:26 суббота, 21 сентября 2024
20 ноября 2012, 09:34
Афæдзы размæ Сунжæйы хъæуы йæ дуæрттæ байтыгъта сыгъдæг дзуар Роман Сладкопевцы номыл аргъуан

Афæдзы размæ Сунжæйы хъæуы йæ дуæрттæ байтыгъта сыгъдæг дзуар Роман Сладкопевцы номыл аргъуан. Арæзт æрцыд бынæттон цæрæг Бæззаты Альберты хъæппæрисæй.

Алдæр азы размæ ацы ран фæндаггон фыдбылызы фæмард йе `мхæрæфырт Челæхсаты Роберт.

Афæдзы размæ Сунжæйы хъæуы йæ дуæрттæ
байтыгъта сыгъдæг дзуар Роман Сладкопевцы номыл аргъуан. Арæзт æрцыд
бынæттон цæрæг Бæззаты Альберты хъæппæрисæй.

Алдæр азы размæ ацы ран фæндаггон
фыдбылызы фæмард йе `мхæрæфырт Челæхсаты Роберт. Цæмæй йæ ном æнустæм
адæмы зæрдæты цæра, уый тыххæй 2007-æм азы ам бындур æвæрд æрцыд
аргъуанæн. Цалдæр азмæ сæйраг куыстытæ конд фесты. Бахъуыд сын 40 милуан
сомæй фылдæр. Ныртæккæ адæм дæр се `вæрæн хæссын райдыдтой ацы бæрнон
хъуыддагмæ. Æхца æмбырд кæнынц дзæнгæрæг самал кæнынæн. Хъæуы йын
1милуан 500 сомы, æрæмбырд уал кодтой 45 мины. Афæдзмæ йæ къултæ саив
сты дзуæртты фæлгонцтæй. Балæвар сæ кодтой республикæйы культурæйы æмæ
дзыллон коммуникациты министрад, стæй хæрзгæнæг адæм. Фыццаг службæ дзы
ацыд фарон 19-æм январы. Уæд дзы сауджын Владимир дзуæрттæ бафтыдта
Сунжæйы 56 цæрæгыл. Рæсугъд бæрæгбон ацыд куадзæны дæр. Алы сабаты æмæ
хуцаубоны дæр дзы цæуы чырыстон дингæнджыты службæ. Цыбыр рæстæгмæ
аргъуан стыр бынат æрцахста адæмы зæрдæты.

Бязырты Заретæ: «Ныронг горæтмæ цыдтæн
аргуанмæ, мæхæдæг æмæ мæ сывæллæтыл дæр дзуарттæ уым бафтыдтой. Фæлæ
ацыаргъуан арæзт куы рæцыди, уæдæй мæнæн у тынг æнцон. Лæгæн тых дæтты
ныфс дæтты. Æрбацæуын алы хуцаубон дæр. хуцау зæгъæд æмæ кæронмæ арæзт
куыд æрцæуа. Бузныг Сауджынæн. Тынг ныл ауыды. Мæнæ у тынг ныфс. Йæ
цæрæнбон бирæ уæт».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania