филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:42 суббота, 31 января 2026
08 августа 2024, 12:07
Афæдзы алы афоны дæр хъæугæ æмæ пайда хойраг, нæ зæрды ис мыды кой ракæнын

Ныртæккæ мыдгæстæ бавнæлдтой сæ афæдзы фæллæйттæ æфснайынмæ, мыдыбындзыты зæрдиаг лæвар æмбырд кæнынмæ

Афæдзы алы афоны дæр хъæугæ æмæ пайда хойраг. Нæ зæрды ис мыды кой ракæнын. Ныртæккæ мыдгæстæ бавнæлдтой сæ афæдзы фæллæйттæ æфснайынмæ, мыдыбындзыты зæрдиаг лæвар æмбырд кæнынмæ. Нæ сæфлдыстадон къорды бафæндыд фенын, мыд фынгмæ цæмæй æрбахæццæ уа, уæдмæ йыл куыд бакусын хъæуы, уый. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Зæдæлескы хъæуы бынæттон администацийы сæргълæууæг Хадаты Алинæйы, кæд йæ  кармæ гæсгæ  хистæрты рæнхъмæ бахæссæн зынгомау у, уæддæр йæ куырыхондзинад æмæ сæрæндзинад та бирæтæн дæнцæгæн хæссинаг сты. Нæ ацы фембæлды нын равдыста мыдыбындзытимæ  иу æвзаг арыныл куыд архайгæ, уый.

Алинæ кæд йæхи дæсны мыдгæс нæ хоны, уæддæр æнæзивæгæй архайы йæ бинонты ацы æрдзон лæварæй фæхайджын кæныныл. Куыд зæгъы, афтæмæй  базонын кæй фæнда, бакусыныл чи архайа, уымæн алцыдæр йæ къухы бафтдзæн. Уыимæ та ма алы куысты дæр æмбæлы  ссарын удæнцойдзинад.

Рамкæтæ æрæмбырд кæныны фæстæ та сæ тагъдгомау бахæццæ кæнын фæхъæуы хæдзармæ. Ацы хатт Алинæн ацы хъуыддаджы феххус кодта йæ хистæр фырт.

Цæмæй мыд йæ æцæг хуызы фенæм, уымæй ма йыл бакусын фæхъæуы.

Бирæ рæстæг нал бахъуыд, цæмæй мыд фынгыл куыдæй равæрæм, уыцы хуызы фенæм. Фæлæ ма дзы иу къæпхæн ис

Афтæмæй  мыдыбындзытæ æмæ адæймаджы фæллой ссары йæ бынат. Мыды бирæ хорз æмæ хъæугæ миниуджытæ та зындгонд сты æзты дæргъы æмæ сæ адæммæ хæццæ  кæнынмæ зивæг кæнын нæ хъæуы, зæгъы , йæхи дæсны мыдгæс хонын чи нæ уадзы, уыцы Хадаты Алинæ

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania