филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:19 воскресенье, 01 февраля 2026
11 декабря 2019, 18:06
Афæдзы кæрон æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управлени хатдзæгтæ скодта йæ куыстæн

Бæстон ныхас цыд 12 мæйы куысты бæрæггæнæнтыл.

Афæдзы кæрон æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управлени хатдзæгтæ скодта йæ куыстæн. Æмбырд арæзт æрцыд уырыссаг академион театры. Бæстон ныхас цыд 12 мæйы куысты бæрæггæнæнтыл. Уымæй дарддæр ма снысан кодтой иннæ азмæ хæстæ. Ивгъуыд азмæ ирвæзынгæнджытæ зынгсирвæзтыты фæдыл ацыдысты 1200 хатты. 300 хатты та сæм фæдзырдтой аварион-ирвæзынгæнæн куыстытæм. Æдæппæтæй аирвæзын кодтой 500 адæймаджы. Уæдæ стыр куыст бакодтой, адæмæн æнæнхъæлæджы цауты фæдыл информаци хъусын кæныны хъуыддаджы. Дзæуджыхъæуы ныртæккæ пайда кæнынц æвæстиаты хъусынгæнæн системæйæ, цалдæр районы та йæ нырма фæлварынц. 2020-æм азмæ сæйрагдæр нысантæм хауынц – æнæнхъæлæджы цаутæ не руадзын, фыдбылызты фæдыл æвæстиаты системæйы куыст банывыл кæнын, æмæ бархионты куысты рæзтыл архайын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania