филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:17 суббота, 28 сентября 2024
19 мая 2020, 17:20
Алыккаты Æхсарбег: Афганистаны хæстон цауты ветеранæн æмæ поэт

Йæ хæдзары, зæгъæн ис, æмæ сарæзта æцæг мини-музей

Уæрæсейы Федерацийы фысджыты Цæдисы уæнг, отставкæйы дæлбулкъон, Афганистаны хæсты ветеран. Уымæй дарддæр ма сфæлдыстадон кусæг дæр. Æппæт ацы миниуджытæ хауынц Алыккаты Æхсарбегмæ. 9-æм майы ма йæ хæрзиуджытæм бафтыди ноджыдæр иу. Афтæмæй сси Сырх стъалыйы Ордены хицау.

Алыккаты Æхсарбег æвдисы йæ бирæ хæрзиуджытæ. Йæ хæдзары, зæгъæн ис, æмæ сарæзта æцæг мини-музей. Афганистаны хæстон цауты ветеранæн ма 9-æм майы радтой ног хæрзиуæг. Сси «Сырх стъалыйы Ордены» хицау. Æмæ кæд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты нæ архайдта, уæд ыл цыди æрмæстдæр 3 азы, уæддæр йæ цард сбаста æфсæддон хъуыддагимæ, æмæ йын дзы ис бирæ æнтыстдзинæдтæ.

12 азы Æхсарбег службæ кодта Германийы æфсæддон сгарæн хайады. Афтæмæй сси немыцаг горæт Либерозейы кадджын цæрæг. Уыцы мгъуыдмæ йæ фарсмæ кæддæриддæр уыди йæ цардæмбал. Дæлбулкъон зæгъы – уый йын йæ ныфсыл ныфс æфтыдта, уымæ гæсгæ йæ къам ис бæрæг ран æвæрд. 8 азы размæ йæ цардæй ахицæн, фæлæ мысинæгты æппынæдзухдæр йæ фарсмæ. Æхсарбегæн йæ фсæддон фæндаг райдыдта Ульяновскы гвардион уæлдæр æфсæддон училищæйæ. Куыд æм бахауди, уый дæр у хицæн ныхасы аккаг. 

Кæд æфсæддон хъуыддаг равзæрста Æхсарбег, уæддæр æй кæддæриддæр йæхимæ æлвæста сфæлдыстадмæ уарзондзинад. Разамынд лæвæрдта кафты ансамблæн, кодта нывтæ, фыста чингуытæ. Æрыгонæй та райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын.

Уый фæстæ уыди Ростовы, Дард Скæсæны æмæ Белоруссийы службæ. Уым скодта бинонтæ дæр. Алыккатæн райгуырди 3 фырты. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ сæ иу райгуырди 9-æм майы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый дæр йæ фыды хуызæн равзæрста æфсæддон хъуыддаг.

Афганистаны хæстон цауты Алыккаты Æхсарбег фæци цалдæр цæфы. Йæ зæрдæ хъыгдард кæй у, уымæ гæсгæ пенсийы рацыд æмгъуыдæй раздæр.  Йæ райгуырæн Ирыстон мысгæйæ, ссыди йæ фыдыбæстæмæ. Ныр дæр æнæ йæ уарзон хъуыддæгтæй йæ цард нæ уыны. Йæхицæн снысан кодта – фидæнмæ уæндон къахдзæфтæ кæнын, уыимæ цыфæнды куыстæй дæр удæнцой исын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania