филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:17 суббота, 28 сентября 2024
17 февраля 2021, 13:05
Афганистаны хæсты Ирыстонæй архайдта 1268 адæймаджы

Уыдонæй 84 нал сыздæхдысты сæ фыдыуæзæгмæ, 115 та сæ цардæй ахицæн сты службæйы фæстæ сæ уæды цæфтæй

Рæстæг цæуы, азтæ кæрæдзийы ивынц, фæлæ фыдызнаджы ныхмæ æвирхъау хæстыты архайджыты сгуыхтдзинæдтæ та хъуамæ къаддар ма кæной. Канд Афганистаны Советон æфсæддонтæ цы сæрæндзинад æвдыстой, уый дæр у раппæлинаг. Официалон бæрæггæнæтæм гæсгæ Афганистаны хæсты архайдта 600 мин советон æфсæддонæй фылдæр. Ацу æмæ мауал æрбацуйы фæндагыл цæугæ рауад 14 мин æрыгон лæппуйæн. Инвалидтæ та дзы сси 6 мин адæймаджы. Ирыстонæй дзы архайдта 1268 адæймаджы, уыдонæй 84 нал сыздæхдысты сæ фыдыуæзæгмæ, 115 та сæ цардæй ахицæн сты службæйы фæстæ сæ уæды цæфтæй.

Бирæ мадæлты зæрдæйы рыст фæкъаддæр 1989 –æм азы 15 февралы Советон æфсæдтæ Афганистанæй куы ракодтой, уæд. Фæзынд сæм ныфс сæ фырттæ уырдæм æрвыст кæй никуыуал æрцæудзысты. Бирæ æрыгон лæппутæ сæ бинонтæн нæ хъæр кодтой се фсæддон хæс кæм æххæст кæныц, уый. Сæ иу Тауаситы Артур. Астдæсаздзыдæй бахаудта уыцы уæззау уавæртæм, анахуыр бынæттæм.
Уыцы рæстæг зæрдæйæ дæр никуы фæхицæн уыдзæн. Æрмæст Афганистаны хæстæн йæ хабарæй дæр адæм тæрсгæ кодтой.
Йæ уыцы æрыгон бонты æнкъарæнтæ абоны хуызæн хъуыды кæны Артур. Абон дæр арфæйаг у æнæнхъæлæджы йын йæ цард чи фервæзын кодта, уыцы прапорщиккæй.

Уæвгæ Æрæфы районæй Афганистаны цауты архайынмæ, алы азты, æрвыст æрцыд 25 адæймаджы. Æрæфы районы Хæстон æфсымæрады хайады сæргълæууæг Малиты Оледжы ныхæстмæ гæсгæ иу дзы нал сæздæхт йæ фыдыуæзæгмæ, иннæтæ ссардтой сæ хæдзæрттæ. Олег йæхæдæг дæр æфсады рæнхъытæ Афгæнистаны баххæст кодта ЦИПУ-йы дыккаг курсы фæстæ -20 аздзыдæй.

Уыцы рæстæг Советон Цæдисы цæрджыты хæлар цард, стыр æххуыс уыд æрыгон æфсæддонтæн кæрæдзийы æмбарынæн.

Афганистаны цаутæ стыр зындзинæдтæ бавзарын кодтой Советон цæдисы экономикæйæн, фæлæ уымæй сæйрагдæр уыд бирæ адæм дзы кæй фесæфт. “Груз 200” кæй хуыдтой, уый арæхæй арæхдæр æрвыст цыд фыдыбæстæмæ. Æмæ уыцы хъуыддæгтæм æркæсгæйæ, хаст æрцыд фæндон уырдыгæй ракæнын Советон Цæдисы æппæт æфсæдтæ дæр. Цалдæр къæпхæнæй конд цыдысты, моджæхедтай, уыцы хъуыддаг æнцон гæнæн кæм уыд. Уымæ гæсгæ азмæ хæстæг цыд, уыцы операци фæци 15 февралы 1989 анзы. Олег æмæ Артуры хъуыдытæй та куыд бамбæрстон, афтæмæй сæ æмфæсдтонтимæ фемблгæйæ кæд уыцы рæстæджы кой кæнын нæ уарзынц, уæддæр сæ буары æмæ уды уæды хъæдгæмттæ та цæргæбонты дæр семæ уыдзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania