25 апреля 2023, 11:38
Афганистаны, Цæцæны æмæ Украинæйы хæстыты цы æфсæддонтæ архайдтой, уыдон фембæлыдысты гимназ «Диалоджы» ахуырдзаутимæ
Уазджытæ скъоладзаутæн радзырдтой се фсæддон бонты æмæ æмслужбæгæнджыты хъæбатырдзинады тыххæй
«Лæгдзинады урок». Афганистаны, Цæцæны æмæ Украинæйы хæстыты цы æфсæддонтæ архайдтой, уыдон фембæлыдысты гимназ «Диалоджы» ахуырдзаутимæ. Уазджытæ скъоладзаутæн радзырдтой се фсæддон бонты æмæ æмслужбæгæнджыты хъæбатырдзинады тыххæй. Ахуыргæнинæгтæ сæм радтой фæрстытæ нырыккон хæцæнгарзы, æфсæддон уавæрты тæххæй æмæ афтæ дарддæр. Ветерантæ скъоладзаутæм фæсидтысты, цæмæй уарзой æмæ хъахъхъæной сæ Фыдыбæстæ æмæ цæмæй уой æцæг патриоттæ. Урок сарæзтой Уæлахизы Боны кадæн.
темæмæ гæсгæ




