25 марта 2014, 11:15
Афицерты хæдзары уыд Хуссар Федералон зылды комиссарадты минæвæртты æрвылазон съезд
Боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдонмæ гæсгæ хатдзæгтæ скодтой 2013 азы æфсадмæ сидыны кампанийæн æмæ æркастысты, æфсæддон хайæдты рацарæзт куыд цæуы, уымæ. Бæлвырд
Боны фæткмæ цы фарстатæ рахастой, уыдонмæ гæсгæ хатдзæгтæ скодтой 2013 азы æфсадмæ сидыны кампанийæн æмæ æркастысты, æфсæддон хайæдты рацарæзт куыд цæуы, уымæ. Бæлвырд ныхас цыд ахæм ногдзинадыл: фæстаг рæстæг салдæттæн лæвæрд цæуынц льготæтимæ тарифтæ, цæмæй сæ бон уа хиуæттæм æмæ хæстæджытæм асламдæр аргъæй дзурын. Уымæй уæлдай ма службæгæнджытæн кæнынц банчы хи картæтæ, уырдæм, сæрмагонд банчы хыгъдмæ цæуынц, цы мызд сын фидынц, уыдон æмæ æндæр æхца. Ис ма иу æхсызгон ногдзинад – æфсæддонты бон у сæхицæн электрон альбом скæнын «Æфсады куыд службæ кодтон». Æфсæддон хайады къамисæг æм бахæссы хуызистытæ салдаты æрвылбоны царды æмæ службæйы тыххæй. Проект саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, афтæмæй æфсæддонты службæ кæны æргомдæр. Ныййарджыты бон дæр у цæст дарын, сæ кæстæртæ цы уавæрты æмæ куыд службæ кæнынц, уымæ. Съезды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 2013 азы æфсадмæ сидыны кампанийы пълан Цæгат Ирыстоны сæххæст кодтой. Тагир Гаджиевы ныхæстæм гæсгæ та, республикæйы бон у ноджы фылдæр фæсивæд æрвитын æфсадмæ, уæвгæ фæстаг азы службæ кæнын кæй фæнды, уыцы лæппуты нымæц кæны фылдæр.
темæмæ гæсгæ




