филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:23 воскресенье, 29 сентября 2024
19 марта 2020, 12:32
Афтектæ цух æййафынц медицинон маскæтæй, антисептиктæй, буарыл æнæбандзæвгæ тæвдбарæнтæй

Къуырийы дæргъы 24 сахаты кусы сæрмагонд телефоны номыр. Алы бон дæр æрбадзуры 200 адæймаджы онг

Æппæт дунейы цæрæг адæм цы вирусæй тæрсынц, уый афтæ тæссаг нæу, зæгъынц специалисттæ. Ахæм уавæры ахсджиаг у – санитарон домæнтæ æххæст кæнын, стæй  иммунитет фидар кæнын. Уыцы амынддзинæдтæ дæттынц, 11-æм мартъийы цы сæрмагонд телефоны номыр райдыдта кусын, уым дæр.

Къуырийы дæргъы 24 сахаты кусы сæрмагонд телефоны номыр. Алы бон дæр æрбадзуры 200 адæймаджы онг. Фарстатæ бирæ, специалисттæ дæттынц бæлвырд дзуæппытæ. Æппæты парахатдæр сты низы фыццаг бæрæггæнæнтæ æмæ йæ профилактикæ.

Сæрмагонд телефоны номыр кусын райдыдта 11-æм мартъийы. Къуыримæ чи дзуры, уыдоны нымæц фæфылдæр. Дохтыртæ сидынц, цæмæй адæм, куыд не мбæлы, афтæ ма тыхсой, уый хыгъд æххæст кæнын хъæуы хуымæтæг санитарон домæнтæ. Къух ма исой æмæ хъахъхъæной кæрæдзийæ.

Медицинон маскæтæ, антисептиктæ, буарыл æнæбандзæвгæ тæвдбарæнтæ ныртæккæ зын ссарæн сты. Афтекты кусджытæ нæ зонынц, кæд сæм сæ баласдзысты, уый. Адæм фæрсынц вирусы ныхмæ хостæ.

Кæд æппæт хъæугæ препараттæй се ппæт афтектæ æххæст не сты, уæддæр адæм æмбаргæйæ кæсынц сæвзæрд уавæрмæ.

Фæлæ уæддæр æххæстгонд цæуынц æппæт санитарон домæнтæ, сæрфынц дуарыл хæцæнтæ. Суткæ дыууæ хатты бæстыхай сыгъдæг кæнынц кварцæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania