Æрбацыдысты йæм йе мкусджытæ, æмбæлттæ, стæй йе сфæлдыстад уарзаг адæм
Фыссæг, прозаик, публицист æмæ фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæны 80 азы юбилей сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы. Æрбацыдысты йæм йе мкусджытæ, æмбæлттæ, стæй йе сфæлдыстад уарзаг адæм. Йæ уацмыстæ йын æхсызгонæй кæсынц Уæрæсейы æмæ фæсарæнты цæрæг ирæттæ дæр. Гæстæн арæхстджынæй саразы зæрдæмæдзæугæ сурæттæ. Чиныгкæсæджы дисы бафтауынц йæ хуымæтæг, фæлæ мидисджын уацмыстæ. Мадзалмæ хуынд æрцыд не сфæлдыстадон къорд дæр æмæ бакæсæм Тъехты Элинæйы сюжетмæ.
Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы фæндырдзагъд, кафт æмæ зардимæ сбæрæг кодтой РЦИ-А-йы адæмон фыссæг, прозаик, публицист æмæ фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæны 80 азы юбилей. Мадзалмæ æрбацыдысты фыссæгæн йе мкусджытæ, æмбæлттæ, стæй скъоладзаутæ.
Йæ алы къахдзæфы дæр æгъдау цы адæмæн ис, уыдонæй иу у Агънаты Гæстæн. Хъарман – Сындзыхъæуккаг лæппу æнхъæл дæр нæ уыд, йе сфæлдыстад адæмæн ахæм уарзон кæй уыдзæн, уый. «Темырханы кæстæр чызг», «Фæстаг æхсæв», «Кæстæр чындз» æмæ бирæ æндæр уацмыстæ ссардтой адæмы зæрдæтæм фæндаг. Ныр ын йæхиуыл дæр фыссынц æмдзæвгæтæ.
Агънаты Гæстæны уацмыстæ сты хуымæтæг, фæлæ тынг мидисджын. Цы сурæттæ саразы, уыдон чиныгкæсæджы бафтауынц дисы. Бирæ зындгонд адæмæн йе сфæлдыстад у дæнцæг. Зæгъæм, Ирыстоны сгуыхт ахургæнæг Хабæты Риммæ, дунейы æвзæгты бæрæгбон æркаст – конкурсы архайгæйæ равзæрста Агънаты Гæстæны уацау «Фæстаг бæх» æмæ йæ ратæлмац кодта.
Хабæты Риммæ, РЦИ-А сгуыхт ахуыргæнæг, Уæрæсейы фысджыты цæдисы уæнг: «Уацау «Фæстаг бæх» бацахста фыццаг бынат. Не скъоламæ нын сæрвыстой бирæ кады гæххæттытæ æмæ арфæтæ. Æвæццæгæн, арфæ кæнын мæнæн æмæ скъолайæн уый бæрц нæ хъуыд. Уыæмæн æмæ, мæнмæ гæсгæ, уæлахиздзаутæ уыдыстæм уацауы авторы руаджы. Æвæццæгæн, Гæстæн ацы уацау йедтæмæ куы ницы ныффыстаид, уæддæр нæ рæзгæ фæлтæры хъомыладæн ныууагътаид стыр æвæрæн».
Кæд нæ буц хистæр йæ 80 азы сæрты акаст, уæддæр æм ис бирæ сфæлдыстадон фæндтæ. Разæнгардæй архайы республикæйы æхсæнадон царды. Æхсызгонæй йæ кæсынц Уæрæсейы æмæ фæсарæнты цæрæг ирæттæ дæр. Бирæ арфæйаг хъуыддæгтæ сарæзта, нæ телерадиокомпани «Алани»-йы сæйраг редактор куы уыд, уæд.
Еналдыты Хъазыбег, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры стыр ныхас»-ы сæрдар: «Абон Ирыстоны историйы сыф гом æрцыди. Гæстæны хуызæн адæм бахастой стыр æвæрæн нæ кады æмæ намысы къæбицмæ. Абон мадзалмæ иууылдæр æрбацыдысты, цæмæй сыгъдæг зæрдæйæ раарфæ кæной, уый тыххæй. Нæ хистæртæ иууылдæр Гæстæны хуызæн куы уой, уæд кæстæртæн дæр уыдзæн фидæн».
Агънаты Гæстæны сисы бынæй цы бирæ аив уацмыстæ рацæуы, уыдонæн сæ жанртæ куыд алыхуызон сты, афтæ сæ архайджыты миддунейы рæсугъддзинадæй сæхимæ здахынц литературæ уарзаг адæмы æмæ фысджыты æргом.




