Æппæт æрбацæуджытæн арфæйы ныхæстæ ракодта «Хæстон æфсымæрады» мæздæггаг хайады сæрдар Владимир Гречаный
«Цæрдзысты æнустæм». Черноярскийы станицæйы аграрон-промышленнон техникумы номарæн фæйнæг байгом кодтой рауагъдонтæн – сæрмагонд æфсæддон операцийы æдзард хъæбатыртæн. Æппæт æрбацæуджытæн арфæйы ныхæстæ ракодта «Хæстон æфсымæрады» мæздæггаг хайады сæрдар Владимир Гречаный. Æдзард хæстонтæ сæ рæстæджы хорз ахуыр кодтой, уыдысты техникумы активисттæ æмæ æхсæнадон цауты архайджытæ, загъта директор Къибирты Людмилæ. Сæхи хъæбатырæй равдыстой тохы быдыры дæр. Мадзал саразджытæн бузныджы ныхæстæ загъта æдзард хъæбатыры ныййарæг, Павлодольскæйы станицæйы цæрæг Раиса Астахова. Номарæн мадзалы архайджытæ минут æдзæмæй алæууыны фæстæ, дидинджытæ сæвæрдтой мемориалы цур.




