филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:51 пятница, 17 мая 2024
22 апреля 2013, 11:26
Агрохолдинг «ИрАгро» равзæрын кодта нартхоры ног мыггаг – Ир-401

Ир-401. Афтæ хуыйны, агрохолдинг «ИрАгро» цы нартхоры ног мыггаг равзæрын кодта, уый. Куыстуаты селекционертæ бацархайдтой, цæмæй гибрид хорз зайа Цæгат Ирыстоны уавæрты.

Агрохолдинг «ИрАгро» равзæрын кодта нартхоры ног мыггаг – Ир-401
Ир-401. Афтæ хуыйны, агрохолдинг «ИрАгро» цы нартхоры ног мыггаг равзæрын кодта, уый. Куыстуаты селекционертæ бацархайдтой, цæмæй гибрид хорз зайа Цæгат Ирыстоны уавæрты. Ныридæгæн æй срегистраци кодтой Уæрæсейы паддзахадон реестры. Ацы ногдзинад республикæйы зæхкусджытæн ратдзæн хæрзхъæд æмæ аслам мыггæгтæй пайда кæнынæн.

Берозты Тамерлан æхсызгонæй æвдисы, йæ куыстуаты цы нартхоры генетикон хуызтæ ис, уыдон. Попкорн, сырх, бур нартхор. Сæ сæрмагонд камерæты ис мыггæгты 10 мин хуызæй фылдæр. Æрбаластой сæ алы бæстæтæй. Температурæ – 4-6 градусы хъарм, уымæлад 45-æй-55-ы онг. Ахæм уавæрты мыггæгтæ хъахъхъæд цæуынц бирæ азты дæргъы.

Берозты Тамерлан, агрохолдинг «ИрАгро»-йы сæйраг селекционер: «Мыггæгтæ ласт сты алы рæттæй. Сæ фылдæр сты Америкæйæ, стæй Сербийæ. Ис дзы Чилийæ, Аргентинæйæ. Сæ фылдæр та сты, селекцийæ чи рауайы, уыцы мыггæгтæ».

Агрохолдинг кусын райдыдта 2009-æм азы. Абон Цæгат Ирыстоны нартхоры мыггæгты куыст кæнынц æрмæстдæр ам. Республикæйы æрдзон уавæрты чи зайа, ахæм нартхор равзæрын кæныныл хъæуы дæргъвæтин рæстæг кусын, уымæн æмæ эксперименты хатдзæгтæ сбæрæг вæййынц афæдзы фæстæ. «ИрАгро»-йæн ис фыццаг хорз бæрæггæнæнтæ.

Урс ирон нартхор. Фæстаг хатт Цæгат Ирыстоны рауагътой маисы ацы хуыз. Бакуыста йыл ахуыргонд Саламты Алихан 1948-æм азы. Бирæ азты фæстæ агрохолдинг «ИрАгро»-йы селекционертæн бантыст нартхоры ног гибрид рауадзын. Уый тыххæй спайда кодтой америкаг æмæ сербаг хуызты генетикон æрмæджытæй. Гибрид схуыдтой «Ир-401».

Гибриды фæлварæнтæ арæзт цæуынц лабораторийы. Йæ бæрæггæнæнтæ хорз куы вæййынц, уæд дзы райдайынц парахатæй пайда кæнын. Нартхоры ног хуызы мыггæгтæ нырма бирæ нæма ‘рзайын кодтой. Сæ къухы цы мыггæгтæ бафтыди, уыдон бафæлвæрдтой Цæгат Ирыстоны æмæ сыхаг республикæты. Ацы аз фæнд кæнынц мыггæгтæ 2 мин тоннæйы бæрц бацæттæ кæнын æмæ сæ Цæгат Кавказы регионмæ, Турмæ, Иранмæ æмæ Азербайджанмæ арвитын. Куыстуат къуылымпы кæны æрмæст иу хъуыддаджы – нæ фаг кæны фæлтæрдджын специалисттæ.

Уртаты Зауыр, аргохолдинг «ИрАгро»-йы разамонæджы хæдивæг: «Нæ республикæйы нæ фаг кæны селекционертæ, æмæ нæ фæндид, цæмæй фæсивæд æрбацæуой нæ агрохолдингмæ кусынмæ. Махмæ ис хорз куысты уавæртæ. Нæ специалистты æрвитæм ахуыр кæнынмæ Мæскуымæ æмæ фæсарæнтæм».

Фидæны агрохолдинджы разамындæн йæ зæрды ис куыстуат фæпарахатдæр кæнын. Ам ма кæндзысты рапсы, сояйы æмæ люцернæйы мыггæгты куыст дæр.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania