филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:01 воскресенье, 07 июля 2024
04 июля 2024, 12:15
Агротуризм азæй азмæ кæны парахатдæр

Нырæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны дæр ис иумæйаг бынæттæ фæлладуадзынæн æмæ хъæуккаг царды уавæртæ банкъарынæн

Агротуризм азæй азмæ кæны парахатдæр. Нырæй фæстæмæ Цæгат Ирыстоны дæр ис иумæйаг бынæттæ фæлладуадзынæн æмæ хъæуккаг царды уавæртæ банкъарынæн. Республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн сæ бон у ахæм хъæу бабæрæг кæнын. Фермæйы ис фадæттæ францусаг хæрзмыггаг хъомтæм базилынæн, цыхт бацахсынæн æмæ чъиритæ скæнынæн. Ардæм æхсызгонæй цæуынц туристтæ æмæ амалхъом адæм дæр.

Самарæйаг амалхъом адæймаг Роман Лебедев Цæгат Ирыстонмæ ссыд дыккаг хатт. Иннæ амалхъом адæмимæ Мæскуы, Санкт-Петербург æмæ Красноярскæй уый бабæрæг кодта арго-эко-этно-туристон хъæу. Ацы ран фенæн ис, экологон æгъдауæй сыгъдæг хæринаг куыд кæнынц, æрмæст уый нæ. Цыхт бацахсын хи къухтæй, скæнын чъиритæ, базилын францусаг хæрзмыггаг хъуддзытæм – уазджытæн фадат уыд хъæуккаг царды уавæртæ банкъарынæн.

Аграрон хъæу у Цæгат Ирыстоны рæзты раззагдæр проекттæй иу. Афæдзы кæронмæ куыстуаты территорийы арæзт æрцæудзысты 4 хæдзар-шалейы уазджытæн æмæ цыхтфыцынæн бæстыхай. Фидæнмæ фæнд кæнынц саразын роботтæ кæм кусдзысты, ахæм фермæ.

Амалхъом адæмы делегацийы сæргъы уыд регионалон æмæ муниципалон рæзты институты генералон директор Максим Кануев. Куыд фæнысан кодта, уымæ гæсгæ ахæм фембæлдтытæ фидар кæнынц  регионты хицауад æмæ бизнесы *хсæн  ахастдзинæдтæ.

Экспертты хъуыдымæ гæсгæ,  Цæгат Ирыстон туристты æрмæст йæ рæсугъд æрдзæй йæхимæ не *лвасы . Амалхъом адæмæн нæ республикæ тынг цымыдисаг у  йæ бирæкъабазон инвестицион фадæттæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania