Афтæ, хъуамæ цæрджыты рдыгæй, лæмбынæг æхсæнадон цæстдард цæуа бынæттон хиуынаффæйадон оргæнты архайдмæ
Ахсджиаг закъоны проекттæ фидар кæнгæйæ хъуамæ хынцой республикæйы цæрджыты хъуыдытæ дæр, бюджеты фарстаты фæдыл дзургæйæ Парламенты æмбырды фехъусын кодта Тускъаты Таймураз. Афтæ, хъуамæ цæрджыты рдыгæй, лæмбынæг æхсæнадон цæстдард цæуа бынæттон хиуынаффæйадон оргæнты архайдмæ. Ахæм уынаффæ хат æрцыди фыццаг бакасты, уымæй уæлдай, бацæттæ кодтой ивддзинæдты таблицæ. Депутаттæ æрныхас кодтой ног кадджын цин снысан кæныныл дæр. Баст уыдзæни чи фæмарди, уыдоны рухс ном сæнусон кæнынимæ. Республикæйы Сæргълæууæг цы закъоны проект бахаста, уымæ гæсгæ та, гæнæн уыдзæни Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг æппæтæй карздæр тох кæм цыди, уыцы хъæутæн «Æфсæддон намысы» ном дæттынæн. Уымæй уæлдай, æмбырды ныхас цыди «Дзæуджыхъæу» аэропорт исбоны хъалоны фиддонæй 10 азы æмгъуыдмæ суæгъд кæныны уынаффæйыл.